Комæй–коммæ хицæн æгъдау ис

Комæй –коммæ хицæн æгъдау ис
Рафыссын
Рæстæг куыд цæуы, афтæ царды дæр цæуы бирæ ивынзинæдтæ æмæ æгъдæуттæ дæр ивынц. Ирон адæм æгъдæуттæ сæхæдæг сæхицæн æвæрынц, фæлæ сæ халгæ дæр сæхæдæг кæнынц. Фæлæ нын нæ фыдæлтæ цы æгъдау æмæ фæтк ныууагътой, уый хъæуы бахъахъхъæнын.
"Комæй–коммæ хицæн æгъдау ис", - фæзæгъынц чидæртæ, æмæ уый иуыл раст нæу. Æгъдау алы ран дæр иу у. Уыимæ æппæты сæйрагдæр сты хидарыны æгъдæуттæ, национ æмбарынад æмæ зондахаст.
Алы хъæуы дæр хистæрты иумæ баныхас кæнын хъæуы, цы фæтк æмæ æгъдауыл ахуыр кæнынц сæ кæстæрты. Фæсивæдæй бирæтæ ирон æгъдæуттæ нæ зонынц, уымæн æмæ сæ хистæртæ нæ ахуыр кæнынц.
Нæ адæмон хæзнатæй сæ ахсджиагдæр у нæ мадæлон æвзаг. Уый фæрцы гом кæнæм фæндаг фыдæлты фарн æмæ æгъдаумæ. Ирон æгъдауы та бирæ фарстытæ ис лыгкæнинаг, зæгъæм чындзхаст, чызгæрвыст æмæ марды æгъдæуттæ.
Куыд кæнынц се ᾿гъдау, уый тыххæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Цыбыр бæрæгуат "Чындзхаст, чызгæрвыст æмæ марды æгъдæуттæ"-æм гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0