Лескены сабитӕ - Краснодоны сабитӕн: Цӕгат Иры цӕрджытӕ арвыстой гумӕххуыс Луганскмӕ

© Из личного архива Евы БадзиевойЛескены цӕрджытӕ арвыстой гумӕххуыс Луганскмӕ
Лескены цӕрджытӕ арвыстой гумӕххуыс Луганскмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 июл - Sputnik, Къӕбысты Анна. Хъӕу Лескены цӕрджытӕ арвыстой гуманитарон ӕххуыс Краснодонмӕ - областон нысаниуӕгимӕ горӕт Луганскаг адӕмон республикӕйы.
Краснодойнӕгтӕн ӕххуыс ӕмбырд кодтой ӕнӕхъӕн хъӕуӕй - ивгъуыд сабаты Лескенӕй афӕндараст сты цалдӕр уӕзласӕн хӕдтулгӕйы хӕлцад ӕмӕ фыццаг ӕнӕмӕнгхъӕуӕг дзаумӕттимӕ.
© Из личного архива Евы БадзиевойЛескены цӕрджытӕ арвыстой гумӕххуыс Луганскмӕ
Жители Лескена отправили гуманитарную помощь на Донбасс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2022
Лескены цӕрджытӕ арвыстой гумӕххуыс Луганскмӕ
Акцийы организатортӕй иу Хъараты Вячеслав куыд радзырдта, афтӕмӕй ӕххуыс арвыстой Краснодонмӕ ӕвзонг лӕппутӕ ӕмӕ чызджыты хъайтардзинад мысгӕйӕ, кӕцытӕ Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты рӕстӕджы сӕ ирд фӕд ныууагътой Советон Цӕдисы историйы, куыд "Молодая гвардия". Уый у горӕт, цы ран абон цӕрынц сывӕллӕттӕ, кӕцыты ӕмкарӕнтӕ Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты арӕзтой хъайтардзинӕдтӕ ӕмӕ уыдысты патриотизмы дӕнцӕг.
© Из личного архива Евы БадзиевойЛескены цӕрджытӕ арвыстой гумӕххуыс Луганскмӕ
Жители Лескена отправили гуманитарную помощь на Донбасс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2022
Лескены цӕрджытӕ арвыстой гумӕххуыс Луганскмӕ
Уый ма банысан кодта, ацы акци кӕй у ӕрмӕстдӕр райдайӕн, нывӕзты ма сын ис сорганизаци кӕнын сывӕллӕтты ӕрцыд Луганскаг республикӕйӕ Цӕгат Ирыстонмӕ, Лескенӕй ты сывӕллӕтты акӕнын Краснодоны музеймӕ, цы ран сӕнусон кодтой "Молодая гвардия"-йы хъайтарты.
"Нӕ историйы уылты хъӕуы фӕсивӕды цайдагъ кӕнын уарзондзинад ӕмӕ патриотизмы ӕнкъарӕнтыл", - дзуры Вячеслав.
Акцийы аннӕ организатор, Къизинты Тамерлан куыд банысан кодта, афтӕмӕй ацы хъуыдыйы алыварс ӕрбангом сты куыд сабитӕ ӕмӕ фӕсивӕд, афтӕ хистӕр кары адӕм дӕр.
"Ацы акцийы фӕрцы махмӕ фӕзынд нӕхи адӕмон фронт. Мӕнӕн тынг ӕхсызгон уыд, цӕрджытӕ иууылдӕр кӕй архайдтой ацы хабарыл. Стыр бузныг алкӕмӕн дӕр", - загъта Къизинты Тамерлан.
© Из личного архива Евы БадзиевойЛескены цӕрджытӕ арвыстой гумӕххуыс Луганскмӕ
Жители Лескена отправили гуманитарную помощь на Донбасс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2022
Лескены цӕрджытӕ арвыстой гумӕххуыс Луганскмӕ
Гуманитарон ӕххуыс фӕндараст кодтой ӕнӕхъӕн хъӕубӕстӕй.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0