Цхинвал ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы дзюдоисттӕн Знауыры районы цӕуынц рӕвдзытӕ

© Photo : Пресс-служба комитета по молодежной политике и спорту РЮОДзюдо, Знауыр
Дзюдо, Знауыр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры посёлочы Дзюдойы скъолайы уагъд цӕуынц рӕвдзытӕ бынӕттон ӕмӕ цӕгатирыстойнаг спортсментӕн, фехъусын кодта Sputnik скъолайы разамонӕг Гӕбӕраты Инал.
"Ӕрвылазон ахуыртӕ цӕуынц Знауыры дзюдойы скъолайы бындурыл. Ӕрхуыдтам ахуыртӕм Цхинвалы секцитӕй, Цӕгат Ирыстонӕй ӕмӕ бынӕттон фӕсивӕд", - загъта Гӕбӕраты Инал.
Ӕдӕппӕтӕй ахуырты архайы 50 спортсмены, банысан кодта уый.
"Фӕсивӕдимӕ кусынц Хуссар Ирыстоны дзюдойы федерацийы тренерон штаб ӕмӕ нӕ коллегӕ Цӕгат Ирыстонӕй Зассеты Аркадий", - бахахх кодта скъолайы директор.
Спорты мастер дзюдойӕ Гӕбӕраты Инал йӕ райгуырӕн къуымы ацы спорты хуыз ныббиноныг кӕнын ӕрхъавыд 2005 азы. Уый рацарӕзта Знауыры посёлочы уӕвӕг разды коммунистон партийы бӕстыхай. Кӕлддзаг агъуыст сцӕттӕ кӕнынӕн уӕд баххуыс кодта хӕрзаудӕн фонд "Фӕранк" дӕр. Абон ацы скъолайы у республикӕйы иууыл хуыздӕр цӕттӕдзинады центртӕй иу.
Знауыры район рамбылдта ӕппӕтреспубликон турнир футболӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2022
Знауыры район рамбылдта ӕппӕтреспубликон турнир футболӕй
Ног хабӕртты лентӕ
0