Уæрæсейы æфсад сæрмагонд операцийы райдайæнæй Украинæйы æдæппæт скуынæг кодта 4137 танчы

© AP Photo / Bernat ArmangueУкраинæйы æфсæддонтæ
Украинæйы æфсæддонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, кæй скуынæг кодтой украинæйаг бронетехникæйы 4167 иуæджы сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы.
"Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 260 хӕдтӕхӕджы, 145 вертолеты, 1622 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 358 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 4167 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 763 хӕстон машинӕйы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3203 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 4494 иуӕджы", - фехъусын кодтой УФ Хъахъхъæнынады министрады.
Ног хабӕртты лентӕ
0