Хуссар Иры хицауады сӕрдар ӕвӕрццаг аргъ скодта ӕмбӕстӕгтимӕ фембӕлдтӕн

© Пресс-служба Правительства РЮОДжуссойты Константин ауагъта ӕмбӕстӕгты райст
Джуссойты Константин ауагъта ӕмбӕстӕгты райст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 июл - Sputnik. Хисӕрмагонд фембӕлдтӕ ӕмбӕстӕгтимӕ ӕмӕ цӕрджыты куырдиӕттимӕ куыст у паддзахадон органты архайды ахсджиагдӕр хай, загъта Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Джуссойты Константин министрты кабинетмӕ ӕххуысагур бацӕуӕг адӕмимӕ фембӕлды рӕстӕджы.
Хицауады пресс-службӕ цыппӕрӕмы куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй Джуссойты Константин йе 'ххуысгӕнджытимӕ ӕмӕ хицауады аппараты сӕргълӕууӕгимӕ ауагътой ӕмбӕстӕгты райст. Уыдон бахъуыстой 15 адӕймаджы куырдиӕттӕм.
"Куысты ахӕм формат фадат дӕтты цӕрджытӕн сӕхицӕй рӕстаг информаци исынӕн. Ахӕм фембӕлдты фӕрцы хуыздӕр ӕмбарӕм, цы тыхсын кӕны адӕмы. Ноджы ма ӕхсызгон уый у, ӕмӕ адӕм ӕрмӕст сӕхи сӕрмагонд фарстыты фӕдыл кӕй нӕ ӕрбахатынц. фӕлӕ ма ӕнхъарынц проекттӕ, кӕцытӕ сты актуалон иумӕйагӕй республикӕйӕн. Нӕ бӕстӕйы фӕрныгад бирӕбӕрцӕй баст у ахӕм цӕхӕрцӕст адӕмыл", - загъта хицауады сӕрдар.
Куырдиӕтты фылдӕр хаййы, банысан кодтой пресс-службӕйы, цӕрджытӕ куырдтой ӕххуыс бизнес сорганизаци кӕныны, цӕрӕнуатон уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныны хъуыддаджы, афтӕ ма хӕдзӕртты раз кӕртытӕ ӕмӕ фӕндӕгты хӕрзарӕзтады.
Ног хабӕртты лентӕ
0