Хуссар Иры президент раарфæ кодта патриарх Кириллæн Уырысы Дзуарæфтыды боны цытæн

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæПатриарх Кирилл
Патриарх Кирилл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстон аргъ кæны конструктивон диалогæн Уырыссаг рæстдинон дзуаримæ, кæцы консолидаци кæны дыууæ бæстæйы адæмты, дзырдæуы президент Гаглойты Аланы арфæйы телы Мæскуыйаг æмæ æппæт Уырысы патриарх Кириллæн Уырысы Дзуарæфтыды боны цытæн.
"Уый у стыр бон бæстæйы динон царды æмæ нысаниуæгджын цау нæ иумæйаг историйы, кæцы сбæлвырд кодта æнустæм монон хæзнатæ æмæ фæткон ориентиртæ, уæрæсейаг паддзахаддзинады райрæзты вектор", - хъусын кæны президенты ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Гаглойты Алан бахахх кодта, зæгъгæ, "абон, куыд мин азы размæ, чырыстон дин фидар кæны фæткон принциптæ, монондзинад æхсæнады".
Президенты цæст бауарзта патриарх Кириллæн фидар æнæниздзинад, бирæ азты цард, æнтыстытæ йæ бæрнон куысты.
Уæрæсе цыппæрæмы нысан кæны Уырысы Дзуарæфтыды бон – мысæн датæйæ ацы бон фидаргонд æрцыд 2010 азы 1 июны федералон законæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0