Куыд цæрынц сидзæр арсы лæппынтæ Знауыры районы

© Sputnik / Александра Алборова Арсы лæппынтæ
Арсы лæппынтæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik, Гæбæраты Элина. Арсы лæппынтæ ныр æртыккаг мæй цæрынц Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Балтайы хъæуы. Цыппар лæппыны ссардтой апрелы Цхинвалы. Æвæццæгæн, сæ мады сын амардтой браконьертæ, лæппынты та байуæрстой Цхинвалы цæрджытыл. Арсы лæппынты æрæмбырд кодта Габаты Зæлинæ, æмæ сæ æрласта егерь Плиты Лаврикмæ Знауыры районмы æвæрд бынатмæ.
Иумæйаг тыхтæй волонтертæ сарæзтой арсы лæппынтæн вольер æрдзы цæрынмæ адаптацийæн. Sputnik бабæрæг кодта аив æвæрд бынат æмæ базыдта, куыд цæттæ кæнынц арсы лæппынтæ æрдзмæ рахизынмæ.
© Sputnik / Александра Алборова Арсы лæппынтæ
Вольер для медвежат  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.07.2022
Арсы лæппынтæ
Sputnik журанлисттæ уыдысты ДИФ-ты фыццаг минæвæрттæ, кæцытæ сæхи цæстæй федтой арсы лæппынты вольеры æмæ базонгæ сты сæ царды уавæртимæ.
"Арсы лæппынты мах ракодтам вольермæ 15 майы. Уый размæ уыдон уыдысты карантины хъæуы. Цалынмæ уым уыдысты, уæдмæ мах арæзтам вольер адаптацийæн", - дзуры "Зеленая Алания"-йы разамонæг.
Уый банысан кодта, иу къуырийы фæстæ арсы лæппынты кæй нывæндынц рауадзын æрдзмæ.
Арсы лæппынтæн хæрын кæнынц сæрмагонд формæ æмæ æрмкъухтæ, уый хъæуы, цæмæй арсы лæппынтæ ма бахъуыды кæной силуэт æмæ тæф.
Биолог, национ телеуынынады æрдзы фæдыл программæйы амонæг Габаты Владимир радзырдта, раздæр арсы дзидза уыд популярон республикæйы цæрджыты хсæн, фæлæ трихинеллезæй фæрынчыны цауты фæстæ æрсытыл арæх нал цуан кæнынц.
Хуссар Ирыстоны арс у сырх чиныджы сырд, йæ цæрыны бынат æмæ популяци хъахъхъæны закон.
© Sputnik / Александра Алборова Арсы лæппынтæ
Медвежата в вольере - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.07.2022
Арсы лæппынтæ
Ног хабӕртты лентӕ
0