Мариинкӕйы Цӕгат-Ирыстойнаг филиал равдисдзӕн Петербурджы балет "Парфюмер"

© Из личного архива Ольги ЮнашевойБалет "Парфюмер"
Балет Парфюмер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 июл — Sputnik. Мариинаг театры цӕгатирыстойнаг филиалы труппӕ ныццыд гастрольты Петербургмӕ ног балет "Парфюмер. История одной любви"-имӕ. Балет равдисдзысты театры Историон сценӕйыл цыппӕрӕмы изӕрӕй.
"Парфюмер"-ы премьерӕ ацыд Дзӕуджыхъӕуы Оперӕ ӕмӕ балеты театры (Мариинаг театры филиал) сценӕйыл. Мадзалӕн уыд стыр ӕнтыст.
Либреттойы режиссер-ӕвӕрӕг, хореограф ӕмӕ автор у Суанты Валерий - Мариинаг театры филиалы сӕйраг балетмейстер.
"Ахӕм равдысттӕ, куыд "Парфюмер", тынг зынаргъ лӕууынц нӕ театрӕн ӕмӕ нӕ чысыл республикӕйӕн, фӕлӕ Гергиты Валерий (Мариинаг театры аивад къухдариуӕггӕнӕг ӕмӕ генералон директор) загъта, ацы проект кӕй ӕрцӕудзӕн арӕзт ӕмӕ йӕ ныхас сӕххӕст кодта. Мариинаг театрӕн ӕнӕбантысгӕ хъуыддаг ницы ис", - загъта раздӕр Суанты Валерий Sputnik Хуссар Ирыстоны уацхӕссӕг Къӕбысты Аннайӕн.
Сӕйраг рольтӕ - Лаура ӕмӕ Гренуя - сӕххӕст кодтой Виолетта Магомедханова ӕмӕ Малиты Азӕмӕт.
Макъоты Ацӕмӕз ӕвзонг дирижер Тедеты Хетӕджы тыххӕй: Хуыцауӕй ратгӕ курдиат йын ис - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.04.2022
Макъоты Ацӕмӕз ӕвзонг дирижер Тедеты Хетӕджы тыххӕй: Хуыцауӕй ратгӕ курдиат ын ис
Ног хабӕртты лентӕ
0