https://sputnik-ossetia.com/20220730/mkayad-vdisyny-dzyrdt-iron-vzazhy-17917441.html
Æмкъайад æвдисыны дзырдтæ ирон æвзажы
Æмкъайад æвдисыны дзырдтæ ирон æвзажы
Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон æвзаджы æмкъайад æвдисынæн ис хæдбындур терминтæ: ус, сылыстæг, бинойнаг. Афтæ ма баззадысты ахæм оригиналон дзырдбæстытæ куыд уæздан ус, цытджын ус... 30.07.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-07-30T10:25+0300
2022-07-30T10:25+0300
2022-07-30T10:25+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
зонад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/07/1b/17917011_29:0:1473:812_1920x0_80_0_0_2fafae6f694670abc51d82e4a3e7ab79.png
Æмкъайад æвдисыны дзырдтæ ирон æвзажы
Sputnik Хуссар Ирыстон
Æмкъайад æвдисыны дзырдтæ ирон æвзажы
Ирон æвзаджы æмкъайад æвдисынæн ис хæдбындур терминтæ: ус, сылыстæг, бинойнаг. Афтæ ма баззадысты ахæм оригиналон дзырдбæстытæ куыд уæздан ус, цытджын ус, кусæг ус.Иры æхсæнад æлдæрттæ æмæ сау адæмыл куы дих кодта, уæд дзырд "уæздан"-æн уыдис социалон нысаниуæг. Абон уæздан нысан кæны хæрзæгъдау, намысджын чи у, ахæм.Ирон æвзажы дзырдбаст "кусæг ус" тынг активон формæ нæу, уый бæсты арæхдæр дзырдтой "номылус". Феодалон цардахасты æлдарæн, æгъдаумæ гæсгæ, уыдис дыууæ усы: иу уæздæттæй, иу та "сау" адæмæй. Уæздан ус – стыр барты хицау, сау куыст нæ кодта æмæ цардис хæдзары райдзастдæр бынаты, иудзырдæй, уый уыдис æхсин.Номылус æлдары æххæст бинойнагыл нымад дæр нæ уыд. Йæ уавæртæ уыдысты тынг уæззау, хæдзары зындæр куыстытæй, иннæ æххуырсты хъауджы, уый дæр цух нæ задис, цæргæ та кодта хицæнæй скъæты, кæннод та цауддæр агъуысты. Æнхъæлцау-иу куы уыд, уæд дæр æмæ æвгъæды рæстæджы дæр цард скъæты. Уымæ гæсгæ, номылусæй гуырд сывæллон та хуынд кæвдæсард. Дыгурон диалекты номылусы хуыдтой "хъумайаг". Фæлæ ацы дзырдæн ис дыккаг нысаниуæг – афтæ хуыдтой кæвдæсарды дæр.Битарты Зояйы "Ирон филологийы актуалон фарстатæ"-м гæсгæ.Бæстондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/07/1b/17917011_209:0:1292:812_1920x0_80_0_0_442397a4b6a8ae4477514f6ce780e7c5.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
Ирон æвзаджы æмкъайад æвдисынæн ис хæдбындур терминтæ: ус, сылыстæг, бинойнаг. Афтæ ма баззадысты ахæм оригиналон дзырдбæстытæ куыд уæздан ус, цытджын ус, кусæг ус.
Иры æхсæнад æлдæрттæ æмæ сау адæмыл куы дих кодта, уæд дзырд "уæздан"-æн уыдис социалон нысаниуæг. Абон уæздан нысан кæны хæрзæгъдау, намысджын чи у, ахæм.
Ирон æвзажы дзырдбаст "кусæг ус" тынг активон формæ нæу, уый бæсты арæхдæр дзырдтой "номылус". Феодалон цардахасты æлдарæн, æгъдаумæ гæсгæ, уыдис дыууæ усы: иу уæздæттæй, иу та "сау" адæмæй. Уæздан ус – стыр барты хицау, сау куыст нæ кодта æмæ цардис хæдзары райдзастдæр бынаты, иудзырдæй, уый уыдис æхсин.
Номылус æлдары æххæст бинойнагыл нымад дæр нæ уыд. Йæ уавæртæ уыдысты тынг уæззау, хæдзары зындæр куыстытæй, иннæ æххуырсты хъауджы, уый дæр цух нæ задис, цæргæ та кодта хицæнæй скъæты, кæннод та цауддæр агъуысты. Æнхъæлцау-иу куы уыд, уæд дæр æмæ æвгъæды рæстæджы дæр цард скъæты. Уымæ гæсгæ, номылусæй гуырд сывæллон та хуынд кæвдæсард. Дыгурон диалекты номылусы хуыдтой "хъумайаг". Фæлæ ацы дзырдæн ис дыккаг нысаниуæг – афтæ хуыдтой кæвдæсарды дæр.
Битарты Зояйы "Ирон филологийы актуалон фарстатæ"-м гæсгæ.
Бæстондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.