https://sputnik-ossetia.com/20220731/irystony-gdutty---mardy-kndt-17955949.html
Ирыстоны æгъдæуттæй - марды кæндтæ
Ирыстоны æгъдæуттæй - марды кæндтæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Марды æгъдæуттæ Ирыстоны кæнынц алыгъуызон. Кæнын та сæ хъæуы иугъуызон, цæмæй нæ кæстæртæ иу æгъдау кæной. Мæрдджыны хæдзар фæкæсын хъуаг æмæ æвадат куы уа... 31.07.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-07-31T11:09+0300
2022-07-31T11:09+0300
2022-07-31T11:09+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
зонад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/07/1d/17955796_29:0:1473:812_1920x0_80_0_0_d761ae366a0972ca22d7114305896aa7.png
Ирыстоны æгъдæуттæй - марды кæндтæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстоны æгъдæуттæй - марды кæндтæ
Марды æгъдæуттæ Ирыстоны кæнынц алыгъуызон. Кæнын та сæ хъæуы иугъуызон, цæмæй нæ кæстæртæ иу æгъдау кæной. Мæрдджыны хæдзар фæкæсын хъуаг æмæ æвадат куы уа, уæд сыхæгтæм æмæ хæстæджытæн æмбæлы зианджынæн баххуыс кæнын.Адæймаг куы амæлы, уæд йæ фарсмæ чи вæййы, уыдонæй йын исчи йæ цæстытыл æрхæцы. Хæдзары бинонтæ телевизор æмæ кæсæн бамбæрзынц, хæдзары дуар, кæнæ къулдуар байгом кæнынц. Уый фæстæ мæрдджын бинонтæ фыццаджыдæр фехъусын кæнынц сæ сыхæгтæн, хæдзармæ хæстæгдæр чи у, уыцы адæмæн, уыдон æрбамбырд вæййынц мæрдджыны хæдзары.Сыхæгтæ сæхимидæг баныхас кæнынц, мардмæ чи базилдзæн, уый тыххæй. Нæлгоймаг мардæн лæггад кæнынц нæлгоймæгтæ, сылгоймаг мардæн та - сылгоймæгтæ. Марды хъæуы ныннайын, ныддасын, йæ уæлæ йæ мæрддзаг дарæс скæнын æмæ йæ æрæвæрын йæ сынтæджы.Дарддæр мыггаджы æмæ сыхы хистæртæ цы бауынаффæ кæнынц, уый тыххæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.Цыбыр бæрæгуат "Чындзхаст, чызгæрвыст æмæ марды æгъдæуттæ"-æм гæсгæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/07/1d/17955796_209:0:1292:812_1920x0_80_0_0_541069058e4790e62c2b85b96490d7af.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
Марды æгъдæуттæ Ирыстоны кæнынц алыгъуызон. Кæнын та сæ хъæуы иугъуызон, цæмæй нæ кæстæртæ иу æгъдау кæной. Мæрдджыны хæдзар фæкæсын хъуаг æмæ æвадат куы уа, уæд сыхæгтæм æмæ хæстæджытæн æмбæлы зианджынæн баххуыс кæнын.
Адæймаг куы амæлы, уæд йæ фарсмæ чи вæййы, уыдонæй йын исчи йæ цæстытыл æрхæцы. Хæдзары бинонтæ телевизор æмæ кæсæн бамбæрзынц, хæдзары дуар, кæнæ къулдуар байгом кæнынц. Уый фæстæ мæрдджын бинонтæ фыццаджыдæр фехъусын кæнынц сæ сыхæгтæн, хæдзармæ хæстæгдæр чи у, уыцы адæмæн, уыдон æрбамбырд вæййынц мæрдджыны хæдзары.
Сыхæгтæ сæхимидæг баныхас кæнынц, мардмæ чи базилдзæн, уый тыххæй. Нæлгоймаг мардæн лæггад кæнынц нæлгоймæгтæ, сылгоймаг мардæн та - сылгоймæгтæ. Марды хъæуы ныннайын, ныддасын, йæ уæлæ йæ мæрддзаг дарæс скæнын æмæ йæ æрæвæрын йæ сынтæджы.
Дарддæр мыггаджы æмæ сыхы хистæртæ цы бауынаффæ кæнынц, уый тыххæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Цыбыр бæрæгуат "Чындзхаст, чызгæрвыст æмæ марды æгъдæуттæ"-æм гæсгæ.