Фыццаг нау украинæйаг хоримæ рахызт Одессайы портæй

© Sputnik / Денис Петров /  Ахизын медиабанкмæОдесса
Одесса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 авг — Sputnik. Фыццаг нау хоримæ рахызт украинæйаг портæй, хъусын кæны РИА Новости телеканал CNN Turk-ыл æнцойгæнгæйæ.
"Нау рахызт Одессайы портæй", - дзырдæуы хъусинаджы.
Турчы Хъахъхъæнынады министрады информацимæ гæсгæ, нартхоры парти ацыд Ливанмæ.
Уæрæсе, Украинæ, Турк æмæ ИНО минæвæрттæ 22 июлы бафыстой бадзырд уæрæсейаг продуктты экспортыл арæнæвæдтæ сисын æмæ украинæйаг хор раласыны фæдыл.
ИНО генералон секретары хæдивæг, Африкæйы фæдыл Экономикон къамисы æххæстгæнæг секретарь Вера Сонгвейы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ацы бадзырды руаджы дунейы базартæм аласдзысты украинæйаг хоры 23 милуан тонны.
ИНО-йы бирæ хатт дзырдтой хæлцадон кризисы фæзындыл хоры дефициты тыххæй. Ныгуылæн азымджын кодта Уæрæсейы ацы хъуыддаджы. Мæскуы разы уыимæ нæ уыд. Фæстæдæр рабæрæг, украинæйаг æфсæддонтæ кæй басыгътой хор Мариуполы порты, афтæ ма минæтæ сæвæрдтой Сау Денджызы акваторийы хайыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0