Ирыстоны æгъдæуттæй – зианы фынджы хæрнæг

Ирыстоны æгъдæуттæй – зианы фынджы хæрнæг
Рафыссын
Марды æгъдæуттæ Ирыстоны кæнынц алыхуызон, фæлæ сæ кæнын хъæуы иугъуызон, цæмæй нæ кæстæртæ иу æгъдау кæной. Цæмæй хæрнæджы æгъдау уа, уый тыххæй хъæуы зæрдыл дарын: хистæр рæгъ куы рауадза, уæд æм лæмбынæг хъус. Рæгъ дæргъвæтин ахæссы уымæн, æмæ алчидæр йæ рæгъы дзуры бирæ, уæлдайдæр, куы ануазы, уæд. Иуæй-иутæ ерыс кæнын райдайынц кæрæдзийы цæстмæ, æз хуыздæр зæгъонæй. Уый раст нæу, æмæ нæхиуыл хæцæм. Дзырдарæхстдзинадæй та кæм хъæуы, уым пайда кæнæм.
Мæрдджын мыггаг рацæуынц хæрнæджы фынгмæ арфæмæ, вæййынц къæйттæ – дыууæ кæнæ цыппар. Уыдон рахæссынц æрмæстдæр фыдызгъæлы хай æнæ нуазæнтæй. Хистæрæн дзы хъуамæ уа сыхаг æгъдауджын лæг. Арфæгæнджытæ рацæуынц æмæ æрлæууынц хистæрты раз галиуырдыгæй. Фæзæгъы, цы æмбæлы, ахæм ныхæстæ æмæ фыццаг агуывзæ авæры хистæрмæ, дыккаг та - дыккаг хистæрмæ. Уый фæстæ хай æрæвæрынц дыккаг фынгыл. Хистæртæ сæ нуазæнтæ бануазынц бадгæйæ, стæй бадты хистæр агуывзæ байдзаг кæнын кæны, æмæ йæ авæры мæрдджын мыггагæй хистæрæн чи фæбады, уымæ.
Дыккаг нуазæн та – арфæгæнджыты хистæрмæ. Мыггагæй хистæр фыдæбонгæнджытæн æмæ æрцæуæг адæмæн арфæ ракæны. Ныры рæстæджы арæх нуазæнтæ авæрынц, арфæмæ чи ’рбацæуы, уыдонмæ дæр. Уый растыл банымайæн нæй. Зианджынæн йæ хистæры фæстæ не’мбæлы нæдæр уæлдай арфæ кæнын, нæдæр нуазын.
Дарддæр куыд кæнынц марды кæндтæ, уый тыххæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны. Цыбыр бæрæгуат "Чындзхаст, чызгæрвыст æмæ марды æгъдæуттæ"-æм гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0