Цæгат Иры барадхъахъхъæнджытæ æрурæдтой наркотиктæ уæйгæнæджы

© ФСБ РФ /  Ахизын медиабанкмæНаркотикон буарад
Наркотикон буарад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 авг – Sputnik. Цæгатирыстойнаг барадхъахъхъæнджытæ æрæхгæдтой "метадон" уæй кæныны канал, хъусын кæны республикæйы МХМ.

"Полицийы информацимæ гæсгæ, Астæуккаг Азийы паддзахадтæй иуы æмбæстаг, кæцы цæры Мæскуыйы, æрцыд Цæгат Ирыстонмæ, цæмæй уæй кæна метадон республикæйы территорийыл", - дзырдæуы хъусинаджы.

Æвзонг нæлгоймаджы æрурæдтой наркотиктæ уæй кæныны рæстæджы. Хисæрмагонд басгæрсты рæстæджы йæм ссардæуыд бирæнымæц тыхтонтæ æбæрæг урс буарадимæ.
МХМ банысан кодтой, ацы буарад кæй у синтетикон наркотик "метадон". Йæ массæ уыд 30 граммы, уымæй та арæзт цæуы 300 иухаттон дозæйы.
Ныртæккæ наркотиктæ уæйгæнæг ис ахæсты. Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, бакондæуыд уголовон хъуыддаг, фыдгæнæгмæ æнхъæлмæ кæсы 20 азы онг ахæст.
Ног хабӕртты лентӕ
0