Ирыстоны æгъдæуттæй - марды кæндты кæрдзынтæ

Ирыстоны æгъдæуттæй - марды кæндты кæрдзынтæ
Рафыссын
Марды æгъдæуттæ Ирыстоны кæнынц алыхуызон. Кæнын та сæ хъæуы иугъуызон, цæмæй нæ кæстæртæ иу æгъдау кæной. Мард ныгæнæн бон райсомæй мардæн цы хыссæ æрцæттæ кæнынц, уымæн сылгоймæгтæ сисынц сæ сæртæй, скæнынц дзы æртæ кæрдзыны æмæ сæ æрæвæрынц мæрдджын хæдзары. Фæдзурынц марды мыггагæй æмæ сыхæгты хистæртæй дыууæ нæлгоймагмæ. Уыдон Хуыцауы ном арынц æмæ дзы курынц: "Иунæг Стыр Хуыцау, æппæт дæр дæуæй аразгæ у, ацы хæдзарæн ацы марды кæндтæй фæстæмæ æртыгай кæрдзынтæй куыд кувæм, уый дæ цæст бауарзæд". Бадгæ не ’ркæнынц.
Ныртæккæ бирæтæ, уæлдайдæр горæтты, ацы æгъдау нал кæнынц. Æвæццæгæн нæ рæстæджы уавæртæ кæй аивтой, уымæ гæсгæ. Хæрнæджы фынгæн фылдæр кæрдзынтæ кæнынц æлхæнгæ, хæдзар сæхæдæг уыдон кæныныл нал вæййынц мардæвæрæн бон, æмæ ма архайæм ацы æгъдау тыххæй фæстæмæ раздахыныл. Нæ йæ хъæуы бæттын, марды кæндты хистæрты раз цал кæрдзыны æвæрæм, уыимæ дæр.
Марды кæндты хистæры раз æвæрæм дыууæ кæрдзыны. Уый нысан кæны йæ Хур ыл кæй аныгуылд, æмæ дзы уый номыл нал æвæрæм æртыккаг кæрдзын. Марды кæндты кувгæ нæ кæнынц, фыццаг рæгъæй та бинонты Хуыцауыл кæй бафæдзæхсынц, уый. Цин æмæ зианы æгъдау хæццæ кæнын нæ хъæуы.
Дарддæр куыд кæнынц марды кæндтæ, уый тыххæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Цыбыр бæрæгуат "Чындзхаст, чызгæрвыст æмæ марды æгъдæуттæ"-æм гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0