Хуссар Иры дæснытæ хайад исынц армукъа "Фарн"-ы РЦИ-Аланийы

© Sputnik / Natalia AiriyanКалаты Нариман
Калаты Нариман - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 авг - Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны дæснытæ бавдисдзысты сæ куыстытæ адæмон сфæлдыстадон амалиуæгадты армукъа-равдыст "Фарн"-ы Цæгат Ирыстоны. Уый тыххæй радио Sputnik эфиры радзырдта хъæдæрмæгыл нывæфтауæг Калаты Нариман.
"Армукъа уадзы Бзарты Алана, кæцы мæ фæхуыдта. Уый банхъардта хайад райсын нæ æндæр мастертæн дæр. Зонгæ дæснытæм бадзырдтон, æмæ уыдон сразы сты", - банысан кодта Калаты Нариман.
Хуссар Ирыстоны кад хъахъхъæндзысты хъæдæрмæгыл нывæфтауæг Калаты Нариман, Цхуырбаты Роланд, дизайнер Леся Коволева, витражист Бибылты Мальвина æмæ хисæрмагонд сæндуцæны хистæр Лохты Давид.
"Дзæуджыхъæуы нæм æрбаиу уыдзæн Кæсæбиты Андрей дæр. Уый дæр бавдисдзæн йæ куыстытæ", - бахахх кодта Калаты Нариман.
Равдыст ацæудзæн Дзæуджыхъæуы 2-æй 7-æм августмæ. Советон дугæй Ирыстоны уагъд нæ цыд ахæм равдыст Уæрæсейы горæттæй æрхонгæ мастертимæ. Мадзалы организаторты ныфс ис, алкæцы уазæг дæр, кæцы ацы бонты уыдзæн республикæйы, саргъ кæндзæн армукъайы бавдисгæ æрмæджытæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0