Цæгат Иры УУМ бафæдзæхстой зынгсирвæзтты тæссагдзинадæй

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы УУМ кусæг
Уæрæсейы УУМ кусæг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik. Цæгат Ирыстоны 3 августы онг уыдзæн 4 къласы зынгсирвæзтты тæссагдзинад, хъусын кæны регионалон УУМ пресс-службæ.
"Цæгат Ирыстоны гидрометеорологи æмæ мониторингы центры информацимæ гæсгæ, 2 августы кæронмæ æмæ 3 августы дæргъы республикæйы быдырон районты уыдзæн зынгсирвæзтты тæссагдзинад (4 кълас)", - дзырдæуы хъусинаджы.
Ирвæзынгæнджытæ рекомендаци кæнынц æххæст кæнын æдасдзинады мадзæлттæ æмæ арт ма кæнын хус кæрдæджы æмæ хауд бæлæсты цур, афтæ ма хъæды территорийыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0