УФ хъахъхъӕнынад министрад фехъусын кодта июлы 34 ӕрӕппаргӕ украинӕйаг хӕдтӕхджыты тыххӕй

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУкраинӕйаг ӕрӕппӕрстгонд хӕдтӕхӕг Су-25
Украинӕйаг ӕрӕппӕрстгонд хӕдтӕхӕг Су-25 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 авг – Sputnik. Ивгъуыд мӕй сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы фӕлгӕтты Украинӕйы ӕрӕппӕрстой УГТ 34 хӕдтӕхӕджы, ӕрцахстой оперативон-тактикон комплекс "Точка-У" 39 ракетӕйы. Уый тыххӕй фехъусын кодта УФ хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгу селекторон ӕмбырды рӕстӕджы дыццӕджы.
"Уӕрӕсейаг Гарзджын тыхтӕ ссӕрибаргонд районты дарддӕр дӕр ӕхгӕнынц граждайнаг объекттӕ ныхмӕлӕууӕджы уӕлдӕфон бабырсты фӕрӕзтӕй. Ивгъуыд мӕй ӕрмӕст украинӕйыг хӕдтӕхджытӕ рыппӕрстӕуыд 34, ӕрцахстой оперативон-тактикон комплекс "Точка-У" 39 ракетӕйы, афтӕ ма залпон ӕхсты реактивон системӕйы 226 гарзӕджы, сӕ нымӕцы фӕсарӕйнаг рауагъдадӕй дӕр. Уый фӕрцы мӕлӕтӕй аирвӕзтысты мингай сабыр цӕрджытӕ", - загъта уый.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0