Украинæйы разæсгарæн хайады загътой, кæй уадзынц консультаци АИШ-имæ HIMARS-æй цæфты размæ

© Sputnik / Сергей Степанов /  Ахизын медиабанкмæАмерикæйаг залпон æхсты реактивон системæ HIMARS
Америкæйаг залпон æхсты реактивон системæ HIMARS - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik. Украинæйаг Хъахъхъæнынады министрады разæсгарсты сæйраг дæлхайады минæвар Вадим Скибицкий фехъусын кодта йæ интервьюйы Telegraph-æн, америкæйаг залпон æхсты реактивон системæ HIMARS-æй фехсыны размæ кæй консультаци кæнынц Америкæйаг иугонд штаттимæ (АИШ), уыдонæн та фадат ис æруромын цæфтæ, кæд нысæнттæ сæ зæрдæмæ нæ фæцæуынц.
Украинæйаг æфсæдтæ пайда кæнынц егъау хæцæнгарзæй, сæ нымæцы Нуыгуылæйнаг бæстæтæй æрласгæ, цæмæй æхсой сабыр цæрджыты дæр. Июлы уыдон дыууæ хатт фехстой Новая Каховка Херсоны областы. Фыццаг цæфы фæстиуджытæ – куыд Бейруты, афтæ спырх селитрæйы æфтауц, бахъыгдард сты рынчындæттæ, цæрæн хæдзæрттæ, аргъуан æмæ æндæр бæстыхæйттæ. Хицауады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ракетон цæф сæххæст кодтой америкæйаг залпон æхсты реактивон системæ HIMARS-æй. Атакæйæ æртæ боны раздæр Новая Каховка иста АИШ спутниктæй иу – афтæ уыд æндæр уæрæсейаг объекттæ фехсыны размæ дæр.
Украинӕйаг ӕфсад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.08.2022
Уӕрӕсейы ХМ фехъусын кодта УГТ солдатты массон дезертирдзинады тыххӕй
Скибицкийы ныхæстæм гæсгæ, HIMARS-æй æхсыны рæстæджы украинæйæгтæ пайда кæнынц информацийæ, "кæцы райстой реалон рæстæджы". Уый ма фехъусын кодта, америкæйаг бæрнон кусджытæ нæ дæттынц информаци бахъавынæн, фæлæ газет куыд фыссы, уымæ гæсгæ, "ис дыууæ бæстæйы разæсгарджыты хсæн консультациты æмвæзад ракетæтæ фехсыны хæдразмæ, уый та дæтты фадат Вашингтонæн æруромын цыфæнды атакæ дæр, кæд сæ зæрдæмæ равзаргæ нысан нæ фæцæуа".
Скибицкий не ‘сдзуапп кодта, пайда кæнынц украинæйаг æфсæдтæ бритайнаг æмæ америкæйаг спутниктæй цæфты рæстæджы æви нæ, фæлæ банысан кодта, кæй сæм ис "иттæг хорз къамтæ".
"Мах хорз æмгуыстад кæнæм ацы къабазы нæ партнертимæ Великобританийы. Махæн ис фидар бастдзинад алкæцы хæларадон разæсгарæн уагдонимæ дæр", - фехъусын кодта Скибицкий газетæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0