Хуссар Иры та ногӕй фӕзынд хуыты африкӕйаг емынӕ

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæКарантин
Карантин  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвал ӕмӕ Дзауы районты хъӕуты фӕзынд хуыты африкӕйаг емынӕ (ХАЕ). Уый тыххӕй радзырдта РХИ хъӕууон хӕдзарады министрады ветеринарийы управленийы сӕргълӕууӕг Тедеты Ацӕмӕз.
"Стыркомы хъӕуы фиксаци ӕрцыд низ, амард дзы аст хуыйы. Ноджы ма 20 та аргӕвста сӕ хицау. Уыдон басыгътой ӕмӕ сӕ баныгӕдтой. Низы артдзӕст ма рабӕрӕг ис Синагуры дӕр, уым та амардысты 120 хуыйы. 20 та сты рынчын, уыдон дӕр абон-сом басудздзысты. Низы ӕртыккаг артдзӕст та ис Чъимасы хъӕуы", - банысан кодта Тедеты Ацӕмӕз.
Профилон уагдӕттӕ уадзынц арӕнӕвӕрд мадзӕлттӕ ХАЕ аиуварс кӕныны фӕдыл, сӕйраджыдӕр та бакондӕуыд карантин.
"Низы дарддӕры апарахат мауал руадзыны фӕдыл мах ауагъта дезинфекци ӕмӕ сӕвӕрдтам дезгӕрӕнтӕ. Хъӕуӕй дарддӕр инфекци нӕ рахиздзӕн", - бамбарын кодта уый.
Республикӕйы хъӕууон хъӕдзарады министрад сиды цӕрджытӕм, цӕмӕй сӕ хуыты ӕддӕмӕ ма уадзой.
Азы райдианы та низ фӕзынд Знауыры районы Хъорнис ӕмӕ Фарны хъӕуты.
Ног хабӕртты лентӕ
0