Хъæуы йæ реставраци: динамонæг Цхинвалы сæрмæ Сыгъдæг Георгийы аргъуаны тыххæй

© PhotoСыгъдæг Георгийы аргъуан
Сыгъдæг Георгийы аргъуан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Сыргъдæг Георгийы аргъуаны службæгæнæг фыд Георгий радзырдта журналисттæн, аргъуаны кæй хъæуы реставраци. Йæ къултыл фæзындысты фæстытæ, динамонджытæ æмæ цæрджытæ тæрсынц, бæстыхай гæнæн ис кæй ныккæла.
Сыгъдæг Георгийы аргъуан – XVII æнусы арæзт – ис Згъудеры къуылдымыл Цхинвалы скæсæны хайы.
Аварион уавæрмæ æнæкæсгæйæ, æрвыл хуыцаубон аргъуаны цæуы раст кадон службæ.
"Ацы бынатæн ис стыр монон тых. Аргъуанмæ цæуынц бирæ адæм. Ис тас, аргъуаны хай гæнæн ис кæй æркæла литургийы рæстæджы дæр", - загъта уый.
Динамонæг бафтыдта, зæгъгæ, проблемæтæ, кæцытимæ адæм æрбацæуынц аргъуанмæ, "скъуыддзаг цыдысты". Уый бахахх кодта ацы бынаты ахсджигадзинад æмæ банысан кодта, аргъуан кæй хъæуы фервæзын кæнын.
© PhotoСыгъдæг Георгийы аргъуан
Храм Святого Георгия в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.08.2022
Сыгъдæг Георгийы аргъуан
Аргъуаны нысаниуæджы тыххæй радио Sputnik эфиры радзырдта Алайнаг епархийы динамонæг, фыд Иаков.
"Згъудеры аргъуан алыхатт дæр уыд нæ горæты символ, кæцыйы дуæрттæ вæййынц гом цæрджытæн. Сыгъдæг Георгийы бæрæгбон алыхатт дæр уæрæхæй нысан кодтой горæт æмæ æввахс хъæуты цæрджытæ", - банысан кодта фыд Иаков.
Афтæ ма динамонæг банысан кодта аргъуаны ахсджиагдзинад 2008 азы августы хæсты рæстæджы.
© PhotoСыгъдæг Георгийы аргъуан
Храм Святого Георгия в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.08.2022
Сыгъдæг Георгийы аргъуан
"Уастырджы алыхатт дæр æххуыс кодта нæ горæты цæрджытæн, уый уырныдта адæмы. Æцæгæйдæр, 2008 азы хæсты рæстæджы, иунæг фæндаг, кæцыйы уылты æфсæдтæ нæ бацыдысты горæтмæ, уыд Згъудеры къуылдым. Мах зонæм æвдисæнтæ дæр, гуырдзиæгтæ куы æмбæрстой, ацы ран сын горæтмæ æрбацæуын кæй нæ бантыстдзæн", - банысан кодта динамонæг.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, аргъуаны бæстыхай ис кæлæтдзаг уавæры, сæйраджыдæр, уымæн æмæ бæстыхай ис былгæрон, æмæ бирæ азты фæстæ зæхх райдыдта лæбырын.
Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, кæд хицауад æмæ æхсæнад рæстæгыл сæ хъус æрдарой проблемæмæ, уæд аргъуан бантыстдзæн фервæзын кæнын.
Ног хабӕртты лентӕ
0