https://sputnik-ossetia.com/20220803/kuyd-skhkhst-knm-balans-khussar-iry-premer-auagta-mbyrd-tskhinvaly-zrond-khidy-tsur-18037106.html
Куыд сæххæст кæнæм баланс: Хуссар Иры премьер ауагъта æмбырд Цхинвалы Зæронд хиды цур
Куыд сæххæст кæнæм баланс: Хуссар Иры премьер ауагъта æмбырд Цхинвалы Зæронд хиды цур
ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр Джусойты Константин ауагъта рабадт Леуахийы донбылгæрон Зæронд хиды цур. 03.08.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-08-03T13:19+0300
2022-08-03T13:19+0300
2022-08-03T13:19+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
цхинвал
/html/head/meta[@name='og:title']/@content
/html/head/meta[@name='og:description']/@content
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/03/18034830_0:3:1920:1083_1920x0_80_0_0_c5e75691eff08504e422c6e62bf1b9e1.jpg
ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр Джусойты Константин ауагъта рабадт Леуахийы донбылгæрон Зæронд хиды цур.Рабадтыл, кæцыйы хайад истой Арæзтады министрады, Культурæйы министрады æмæ хицауады аппараты минæвæрттæ, дзырд цыд Цхинвалы историон хайы райрæзты перспективæтыл, афтæ ма Зæронд хидæй пайда кæныны æдасдзинадыл, кæцыйыл æрæджы сæххæст 130 азы, ис йын фадат реставрацийæн æви нæ. Уый тыххæй хъусын кæны хицауады пресс-службæ.Арæзтады министрады экспертон хатдзæгмæ гæсгæ, хиды фехæлд у 70 процентæй фылдæр, æмæ реставрацион мадзæлттæ нæ аскъуыддзаг кæндзысты æдасдзинады проблемæ. Документы, кæцы ис Культурæйы министрадмæ, сарæзтæуыд ныхмæлæууæг хатдзæг.Ныры Инвестпрограммæмæ, Зæронд хиды районы цæрджыты фæндонмæ гæсгæ, бахастæуыд пункт ног хиды арæзтады фæдыл, цæмæй йæ раздæры хуыз баззайа. Фæлæ æхсæнадон активистты протест хынцгæйæ, кæцытæ нымайынц, хид кæй хъуамæ бавæрой йæ ныры хуызы, горæты цæрджыты хъуыдытæ адих сты, æмæ фарсты скъуыддзаг баззад гомæй.Хицауады сæрдар банхъардта ауадзын æввахс рæстæджы тымбыл фынг ацы фарстыты фæдыл.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/03/18034830_237:0:1684:1085_1920x0_80_0_0_32f5513dccaee85888e135ab996855c9.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цхинвал
Куыд сæххæст кæнæм баланс: Хуссар Иры премьер ауагъта æмбырд Цхинвалы Зæронд хиды цур
ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр Джусойты Константин ауагъта рабадт Леуахийы донбылгæрон Зæронд хиды цур.
Рабадтыл, кæцыйы хайад истой Арæзтады министрады, Культурæйы министрады æмæ хицауады аппараты минæвæрттæ, дзырд цыд Цхинвалы историон хайы райрæзты перспективæтыл, афтæ ма Зæронд хидæй пайда кæныны æдасдзинадыл, кæцыйыл æрæджы сæххæст 130 азы, ис йын фадат реставрацийæн æви нæ. Уый тыххæй хъусын кæны хицауады пресс-службæ.
Арæзтады министрады экспертон хатдзæгмæ гæсгæ, хиды фехæлд у 70 процентæй фылдæр, æмæ реставрацион мадзæлттæ нæ аскъуыддзаг кæндзысты æдасдзинады проблемæ. Документы, кæцы ис Культурæйы министрадмæ, сарæзтæуыд ныхмæлæууæг хатдзæг.
Ныры Инвестпрограммæмæ, Зæронд хиды районы цæрджыты фæндонмæ гæсгæ, бахастæуыд пункт ног хиды арæзтады фæдыл, цæмæй йæ раздæры хуыз баззайа. Фæлæ æхсæнадон активистты протест хынцгæйæ, кæцытæ нымайынц, хид кæй хъуамæ бавæрой йæ ныры хуызы, горæты цæрджыты хъуыдытæ адих сты, æмæ фарсты скъуыддзаг баззад гомæй.
"Хъæуы æрнывыл кæнын Цхинвалы центр, саразын æй зæрдæмæдзæугæ куыд горæты цæрджытæн, афтæ туристтæн дæр. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, Леуахийы донбылгæрон, Цхинвалы историон хайимæ иумæ, хъуамæ арæзт æрцæуа иунæг стилы, æмæ суа улæфыны комплексон зонæ. Уыимæ иумæ хъæуы сæххæст кæнын баланс культурон бын историон хуызы ныууадзын æмæ объектты æдасдзинады хсæн" – банысан кодта Джуссойты Константин.
Хицауады сæрдар банхъардта ауадзын æввахс рæстæджы тымбыл фынг ацы фарстыты фæдыл.