Æнæсæрфат акци: Мæскуы комментарий радта Пелосийы балцы фæдыл Тайваньмæ

© AP Photo / Taiwan Presidential OfficeПелосийы балц Тайваньмæ
Пелосийы балц Тайваньмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Америкæйы минæвæртты палатæйы спикер Нэнси Пелосийы балц Тайваньмæ равдыста, Америкæ ницæмæ кæй дары æндæр бæстæты. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы ФХМ официалон минæвар Мария Захарова, фыссы РИА Новости.
"Мæ хъуыдымæ гæсгæ, алкæмæндæр бæрæг у: Америкæ ницæмæ дары йæ партнерты – йæ æввахс цæдисонты, стратегион партнерты æмæ бæстæты, кæцытимæ райтынг сты ахастытæ алыхуызон здæхтыты. Иухаттон æфтиаг, моменталон конъюктурæйы тыххæй, уыдон цæттæ сты снывонд кæнын сæхи реномейы баззайæгтæй. Кæд ма исты баззад "Америкæйы интерестæй", сæ нымæцы азиатон регионы, уæд знон уыдон скуынæг кодтой", - загъта уый.
Китай нымайы Тайвань йæ провинцийыл æмæ алыхатт дæр у Тайбейы контактты ныхмæ чиновниктимæ æмæ æфсæддонтимæ бæстæтимæ, кæцытимæ Пекинæн ис дипломатон ахастытæ.
Китай нæ ныууадздзæн тыгъдад тыхты архæйдтытæн, кæцытæ дзурынц Тайваны хæдбардзинадыл, дзырдæуыд Китайы ФХМ сæргълæууæг Ван Ийы куырдиаты, кæцы знон райсом мыхуыргонд æрцыд Америкæйы минæвæртты палатæйы спикер Нэнси Пелосийы балцы фæдыл Тайваньмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0