Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджыты Хуссар Ирæй схорзæхджын кодтой ХМ майдантæй

© Photo : Минобороны РоссииСæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджыты Хуссар Ирæй схорзæхджын кодтой ХМ майдантæй
Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджыты Хуссар Ирæй схорзæхджын кодтой ХМ майдантæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады (ХМ) схорзæхджын кодтой æфсæддонты, кæцытæ хайад истой УФ сæрмагонд операцийы Украинæйы, майдантæй "За воинскую доблесть II степени". Уый тыххæй хъусын кæны хъахъхъæнынадон уагдоны пресс-службæ.
Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Владимир куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ уæрæсейаг дæлхайæдты сконды сæрмагонд операцийы фыццаг бонтæй намысджынæй æххæст кæнынц сæ æфсæддон хæслæвæрдтæ.

"Сæрмагонд æфсæддон операцийы командæгæнджытæ стыр аргъ кæнынц дæлхайæдты архæйдтытæн, кæцыты сконды фылдæр бæрцæй ис нæ хæстонтæ. Зонæм æй, тохты кæй æвдисут хъæбатырдзинад, намыс æмæ æфсæддон æхсардзинад. Уæ хъайтардзинадæй сæрыстыр сты кæстæр фæлтæр, уе ‘мгæрттæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хистæр фæлтæр", - загъта министр.

Пухаты Владимир бахахх кодта, Хъахъхъæнынады министрады къухдариуæгад кæй нывæнды схорзæх кæнын сæрмагонд операцийы алкæцы хайадисæджы дæр Хуссар Ирыстонæй, кæцытæ сæхи аккаг æвдыст ракодтой.
Статс-секретарь, хъахъхъæнынады министры хæдивæг инæлар-майор Сиукъаты Вадим банысан кодта ирон хæстонты бæрзонд бæрæггæнæнтæ тохы быдыры. Уый уæлдай бузныг загъта æфсæддонты ныййарджытæн, кæцытæ "схъомыл кодтой Фыдыбæстæйæн аккаг хъæбулты".
Ног хабӕртты лентӕ
0