Цӕгатирыстойнаг тхэквондисттӕ ссисты ЦКФЗ чемпионтӕ

© Пресс-служба Минспорта РСО-АланияЦӕгатирыстойнаг тхэквондисттӕ ссисты ЦКФЗ чемпионтӕ
Цӕгатирыстойнаг тхэквондисттӕ ссисты ЦКФЗ чемпионтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг спортсментӕ Цакоты Сӕрмӕт ӕмӕ Томайты Ирина ссисты Цӕгат-Кавказы федералон зылды чемпионтӕ тхэквондойӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы спорты министрад.
ЦКФЗ чемпионаттхэквондойӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты хсӕн ацыд Нальчикы. Мадзалы хайад райстой 100 фылдӕр спортсмены.
"Цӕгат Ирыстоны Спорты министрады Спортивон сколайы олимпиаг резервы спортсментӕ рамбылдтой ерысты авд хорзӕхы. Чемпионтӕ ссисты Цакоты Сӕрмӕт (74 кг) ӕмӕ Томайты Ирина (62 кг)", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уымӕй дарддӕр ма ӕвзист майдантимӕ та ӕрыздӕхтысты Виталий Геладзе, Ужегты Афина ӕмӕ Малхъарты Светлана. Бронзӕйон призертӕ ссисты Джиоты Игорь ӕмӕ Хъайттаты Лиана.
Спорты министрады ма бафтыдтой, ерыстӕ кӕй уыдысты ӕвзарӕн этап Уӕрӕсейы чемпионатмӕ, кӕцы ацӕудзӕн 25-30 сентябры Нальчикы.
Ног хабӕртты лентӕ
0