Цхинвайлаг велосипедисттӕ снысан кодтой Цхинвалӕй Фыййагдонмӕ балцы бон

© SputnikВелозгъорд
Велозгъорд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 авг – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Велокъорд Хуссар Ирыстонӕй снысан кодта вазыгджындӕр маршрут - Цхинвал-Фыййагдон (Цӕгат Ирыстон) басӕттыны датӕ. Уыдон сӕ балц снысан кодтой 11 августмӕ, фехъусын кодта Sputnik велосипедисттӕй иу Чехойты Инга.
Велозгъорд нывонд у Уӕрӕсейы рдыгӕй Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны бонӕн.
"Мах ацӕудзыстӕм Цхинвалӕй райсом раджы. Даргъ фӕндаг у, боныгъӕд дӕр развӕлгъау прогнозмӕ гӕсгӕ уыдзӕн тӕвд. Уымӕ гӕсгӕ хъӕуы ацӕуын раджы. Изӕрмӕ ныхӕццӕ уыдзыстӕм", - загъта Инга.
Балц, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдзӕн дыууӕбонон. Бюрократион проблемӕтӕ скъуыддзаг кӕны къорды раздзон Тедеты Лери.
"Мах ӕрӕмбырд кодтам нӕ паспортты ксерокопитӕ, Лери сӕ адӕтта таможнӕйон службӕмӕ, цӕмӕй нын уадзӕн пункт "Дӕллаг Зӕрӕмӕджы" мацы проблемӕтӕ фӕзына", - бафтыдта велосипедист.
Уый ма радзырдта, бӕлццӕттӕ ӕрвылбон дӕр кӕй тренировкӕтӕ кӕнынц, сӕхи активонӕй цӕттӕ кӕнынц вазыгджын маршрутмӕ. Тренировкӕтӕн иууыл хуыздӕр фадыгӕй равзӕрстой фӕндаг Цхинвал-Дзау.
Ног хабӕртты лентӕ
0