Ӕртӕ украинӕйаг бригадӕйы фесӕфтой сӕ хӕстхъомдзинад стыр зиӕнтты тыххӕй - Уӕрӕсейы ГТ

© AP Photo / Evgeniy MaloletkaУкраинӕйаг ӕфсӕдтӕ. Архивон къам.
Украинӕйаг ӕфсӕдтӕ. Архивон къам. - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 авг – Sputnik. Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрады фехъусын кодтой Украинӕйы Гарзджын тыхты ӕртӕ бригадӕйы стыр зиӕнтты ӕмӕ ныууадзгӕ позициты тыххӕй.
"Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ ӕмӕ ДАР ӕмӕ ЛАР Адӕмон милицийы активон бабырстыты фӕстиуӕгмн ДАР цӕрӕн пункттӕ Соледар, Артемовск ӕмӕ Авдеевкайы районты Украинӕйы Гарзджын тыхты ӕртӕ бригадӕйы, егъау зиӕнтты тыххӕй сӕ хӕстхъомдзинад фесафгӕйӕ, ныууагътой сӕ позицитӕ", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Уымӕй дарддӕр ма Уӕрӕсейы Уӕлдӕфон-космикон тыхтӕ дыууӕ дырыс фехстӕй скуынӕг кодтой 500 фылдӕр украинӕйаг националисты.
Аэродром  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.08.2022
Уӕрӕсейы УКТ дыууӕ ӕхстӕн скуынӕг кодтой 500 фылдӕр украинӕйаг ӕфсӕддоны
Уымӕй дарддӕр ма иу суткӕмӕ уӕлдӕфон бабырстты ныхмӕ уӕрӕсейаг фӕрӕзтӕ ӕрыппӕрстой цыппар ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты ӕмӕ залпон ӕхсты реактивон системӕйы фондз ракетӕйы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0