Хуссар Иры хӕсты амӕттӕгты нӕмттӕ ссардзысты цалдӕр бӕстӕйы

© Photo : Астемир Черткоев Хуссар Иры хӕсты амӕттӕгты нӕмттӕ ссардзысты цалдӕр бӕстӕйы
Хуссар Иры хӕсты амӕттӕгты нӕмттӕ ссардзысты цалдӕр бӕстӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 авг — Sputnik. Италиаг горӕт Пезаройы 8 августы ацӕудзӕн акци "Ирыстон, Итали демӕ ис!", кӕцы нывонд уыдзӕн 2008 азы Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы райдианӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады пресс-службӕ.
Горӕты централон парк Миральфиорайы 17.00 сахатыл Сабырады ӕнгузбӕласы цур, кӕцы ныссагътой 2019 азы 8 августы, ацӕудзӕн хӕсты ныхмӕ митинг Хуссар Ирыстоны фарс балӕууыны нысанӕн.
"16.00 сахатыл горӕты центры фӕзуат Коленуччойы сӕвӕрдзысты венок партизантӕ-антифашистты цыртмӕ. 17.30 сахатыл ацӕудзӕн Хуссар Иры Кады зарӕг сӕххӕст кӕныны церемони. 17.45 - динон мадзал - Хуыцаумӕскуывд ирон хъизӕмайрӕгты тыххӕй, кӕцытӕ фӕмард сты гуырдзиаг нацистты къухтӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Трагикон бонӕн нывонд акцитӕ ма ацӕудзысты Милан ӕмӕ Сицилийы дӕр, горӕт Кальярийы та Сардинии расткадон динамонджытӕ ауадздзысты службӕ хӕсты амӕттӕгты номыл.
Афтӕ ма уагдоны минӕварадты ӕххуысӕй Бенилюксы бӕстӕты ирон организациты уӕнгтӕ ӕрӕмбырд уыдзысты Бельги, Голланди, Люксембург, Франци ӕмӕ Германийы, цӕмӕй ссарой 2008 азы хӕсты фӕмардуӕвӕг адӕмы рухс нӕмттӕ.
Мæскуыйы ссардзысты Хуссар Иры 2008 азы августы хæсты амæттæгты рухс нæмттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.08.2022
Мæскуыйы ссардзысты Хуссар Иры 2008 азы августы хæсты амæттæгты рухс нæмттæ
Мысӕн мадзӕлттӕ ма ацӕудзысты республикӕйы минӕварадты Мӕскуыйы, Сухумы, Тирасполы, ФХМ фӕсарӕйнаг минӕварадты къорд европӕйаг бӕстӕйы, афтӕ ма ӕндӕр хӕлар бӕстӕты дӕр.
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст Цхинвалмӕ 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын.
Ног хабӕртты лентӕ
0