Хуссар Иры МХМ сцӕттӕ кӕндзӕн скъоламӕ ӕххуысхъуаг бинонтӕй сывӕллӕтты

© Пресс-служба МВД РЮОМХМ акци "Сцӕттӕ кӕнӕм сывӕллоны скъоламӕ"
МХМ акци Сцӕттӕ кӕнӕм сывӕллоны скъоламӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад баххуыс кӕндзӕн скъоламӕ бацӕттӕ кӕныны хъуыддаджы бинонтӕн, кӕцытӕ лӕууынц ӕнахъомты фӕдыл инспекцийы хайады хыгъдыл. Акцийы "Сцӕттӕ кӕнӕм сывӕллоны скъоламӕ" хайад исы МХМ централон аппараты хисӕрмагонд сконд, мидхъуыддӕгты горӕттаг ӕмӕ районон хайӕдты кусджытӕ, хъусын кӕны цыппӕрӕмы уагдоны пресс-службӕ.
"Ӕрӕмбырдгонд фӕрӕзтӕ здӕхт ӕрцӕудзысты ӕххуысхъуаг бинонты сывӕллӕттӕн скъолайон ӕмбырдонтӕ самал кӕнынмӕ. Адресон ӕххуыс сывӕллӕттӕн бакӕндзысты ӕнахъомты фӕдыл инспекциты хайӕдтӕ", - банысан кодтой министрады.
Хайады сӕргълӕууӕг, булкъон Гататы Лалийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, акцийы нысан у саразын уавӕртӕ ахуыр кӕнынӕн социалон ӕгъдауӕй ӕххуысхъуаг бинонты сабитӕн.
"Фӕнд кӕнӕм балхӕнын уыдонӕн ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕрмӕджытӕ дӕр ног ахуыры азы райдианмӕ - канцелярон гӕрзтӕ ӕмӕ рюкзактӕ. Бацархайдзыстӕм, цӕмӕй лӕвӕрттӕ байуарӕм августы кӕрӕттӕм", - загъта Гататы Лали.
Уый бафтыдта, акцимӕ кӕй ӕрбаиу сты республикӕйы цӕрджытӕ, йе 'ххуыс банхъардта блогер Гуыбеты Зӕринӕ дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0