Кæнгæ хæстæгдзинады терминтæ ирон æвзаджы

Кæнгæ хæстæгдзинады терминтæ ирон æвзаджы
Рафыссын
Этнографион литературæйы зонæнтæм гæсгæ, куыд Кавказы иннæ адæмтæм, афтæ ирон адæммæ дæр уыдис кæнгæ хæстæгдзинады фæтк. Уымæн не ᾿взаджы æвдисæн у мæнæ ахæм æмбисонд: æхсыр дæр тугау дард æнхъæвзы.
Сывæллоны-иу йæ райгуырдæй чысыл фæстæдæр йæ ныййарджытæ радтой хъомыл кæнынмæ æндæр бинонтæм. Ацы фæтк этнографион литературæйы хонынц аталычество, иронау – æмцегдзинад.
Æмцег – хъомылгæнæг йæ хъомылкæнинаджы ахуыр кодта бæхыл бадын, хæцæнгарзимæ архайын æмæ бирæ æндæр хорз хъуыддæгтыл. Хъомыл кæнæны æмгъуыд-иу куы фæцис, уæди-иу хъомылгæнæг сфæлыста йæ æмцег-хъаны. Лæвæрдта йын-иу æмцеджы хай æмæ-иу æй æркодтой йæ бинонтæм. Хъаны ныййарджытæ дæр-иу кодтой æмцеджы куывд, хъомылгæнæгæн кодтой стыр лæвæрдтæ – æмцеджы лæвар.
Ирон æвзаджы ис дзырдтæ: хъомылкæнинаг, хъомылгонд. Адонæн сæ семантикæмæ гæсгæ схонæн ис хъаны синонимтæ.
Бæстондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны
Битарты Зоя "Актуальные вопросы осетинской филологии"-мæ гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0