Мады капиталӕй спайда кӕныны бар радтой ИА райсгӕ ахуырад бафидынӕн

© Sputnik / Алексей НикольскийМады капиталы сертификат
Мады капиталы сертификат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 авг — Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин бафыста закон, кӕцыйы фӕлгӕтты бар уыдзӕн мады капиталӕй спайда кӕнын индивидуалон амалиуӕггӕнджытӕй райсгӕ ахуырад бафидыны тыххӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны РИА Новости.
Раздӕр Паддзахон думӕйы спикер Вячеслав Володин фехъусын кодта журналисттӕн, законы нысан кӕй у скъолайон ахуырад ӕнцонвадат саразын.
"Ныййарджыты бон уыдзӕн мады капиталӕй спайда кӕнын, индивидуалон амалиуӕггӕнджытӕ цы сабидӕттӕ бакодтой, уыдон лӕггӕдтӕн бафидынӕн. Уагдӕттӕм ӕрмӕст хъуамӕ уа лицензи ахуырадон архайды кӕныны фӕдыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Мады капиталы программӕ Уӕрӕсейы архайдзӕн нырма иууыл къаддӕрӕй 2026 азы кӕрӕттӕм. Фиддонты бӕрц ныр ӕрвылаз дӕр цӕуы индексаци.
Ног хабӕртты лентӕ
0