Æрæмдзых кæнын номхыгъд: УФ кæцы университеттæм ис бацæуæн Хуссар Иры абитуриенттæн

© Sputnik / Александр Алпаткин /  Ахизын медиабанкмæСкъолайы аттестат
Скъолайы аттестат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 авг – Sputnik. Дæсниæдты развæлгъау номхыгъд, кæцытæм документтæ бадæттыны бар ис Хуссар Ирыстоны абитуриенттæн, тагъд рæстæджы фæзындзæн Россотрудничествойы социалон хызæгты. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта минæварады сæргълæууæг Сергей Скворцов. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы аз хуссарирыстойнаг хицауад бадæтта номхыгъд 14 дæсниадæй.
Хуссар Ирыстоны фæсивæдæн фадат ис сахуыр кæнын математикæ, фундаменталон информатикæ, кадастр, сывæллæтты урологи æмæ андрологи, сывæллæтты хирурги, бизнес-информатикæ, экономикон æдасдзинад, агрономи, агроинженери, гидромелиораци, сæрмагонд дефектологон ахуырад, музыкалон инструменталон аивад, музыкалон звукорежиссурæ æмæ реставраци.

"Иу хатт ма зæгъдзæн, ацы номхыгъд у развæлгъау, уый ис æрæмдзых кæнынмæ Мæскуыйы. Гæнæн ис дзы бахæссой ивындзинæдтæ – куыд баххæстгæнинæгтæ, афтæ дзы гæнæн ис айсой цалдæр дæсниад дæр", - банысан кодта Скворцов.

Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, бæрæг нæу, цал бюджетон бынат рахицæн кæндзысты Хуссар Ирыстонæн. Бæлвырд у, 22-йæ къаддæр кæй нæ уыдзысты.
Скворцов ма бахахх кодта, егъау ивындзинæдтæ документтæ бадæттыны процедурæйы кæй нæй – куыд раздæр, афтæ абитуриентæн бар ис равзарын æхсæз ахуыргæнæндоны, кæцытæм йæ фæнды бацæуын æмæ сæ ныффыссын йæ куырдиаты.
Уæрæсе æрвылаз рахицæн кæны хуссарирыстойнаг абитуриенттæн ахуырадон квотæтæ. Уый вæййы Россотрудничество, Ахуырады министрад, ФХМ æмæ тыхон структурæты хаххыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0