Цхинвайлаг нывгæнджытæ хайад исынц Ярайнаг пленэры

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæРавдыст
Равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Нывгæнджыты Цæдисы минæвæрттæ – Бигъуылаты Рудольф æмæ Тыбылты Махар хайад исынц Ярайнаг академион пленэры горæт Яранскы Кировы областы. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта Нывгæнджыты Цæдисы сæрдар Битеты Алан.
"Пленэр райдыдта 1 августы æмæ фæуыдзæн 12 августы. Дыууæ къуырийы дæргъы нывгæнджытæ фысдзысты нывтæ проекты куысты фæлгæтты", - банысан кодта Битеты Алан.
Хуссарирыстойнаг нывгæнджытæй дарддæр, пленэрмæ æрæмбырд сты мастертæ Йошкар-Ола, Кирова, Мæскуы, Набережные Челны, Орск, Пермь, Самара, Санкт-Петербург, Саранск, Тюмень, Ярославль и Оренбурджы областæй.
Ярайнаг пленэр у академион æмæ ис Уæрæсейаг аивæдты академийы патронажы бын. Ацы пленэр у æртындæсæм – уагъд цæуы 2008 азæй, академион статус райста 2013 азы. Идейон цырынгæнæгыл нымайынц Уæрæсейы Нывгæнджыты цæдисы цæнг, нывгæнæг Юрий Митюшовы.
Ног хабӕртты лентӕ
0