https://sputnik-ossetia.com/20220805/amard-khaytary-tedety-alany-putiny-baramyndy-skhorzkhdzhyn-kodtoy-khbatyrdzinady-ordeny-18089083.html
Амард хъайтарæй. Тедеты Аланы Путины барамындæй схорзæхджын кодтой Хъæбатырдзинады Орденæй
Амард хъайтарæй. Тедеты Аланы Путины барамындæй схорзæхджын кодтой Хъæбатырдзинады Орденæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 5 авг – Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Уæрæсейы президент Владимир Путины барамындæй хъайтардзинад æмæ æхсардзинады тыххæй Хуссар Ирыстоны æмбæстаг Тедеты... 05.08.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-08-05T12:21+0300
2022-08-05T12:21+0300
2022-08-05T14:55+0300
хуссар ирыстоны
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/05/18086609_143:479:2780:1963_1920x0_80_0_0_75e9cef43e81c9037a973f29dbffb068.jpg
ЦХИНВАЛ, 5 авг – Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Уæрæсейы президент Владимир Путины барамындæй хъайтардзинад æмæ æхсардзинады тыххæй Хуссар Ирыстоны æмбæстаг Тедеты Аланы мæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой Хъæбатырдзинады Орденæй.Цыппæрæм гвардейон æфсæддон базæйы гвардийы сержант фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы Украинæйы ацы аз майы.Фæмардуæвæджы бинонтæн хорзæх радта майрæмбоны Уæрæсейы минæвар республикæйы Марат Кулахметов.Марат Кулахметов хорзæх радта хъайтары мадæн.Тедеты Алан йæ цард æфсадимæ сбаста 1994 азы, уæд уый райдыдта службæ кæнын Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд нысаниуæджы къорды æмæ фæкуыста уым æртæ азы. 2003 азы бацыд фидауынгæнæг тыхты скондмæ, 2007 азы йæ ракодтой Цæцæнмæ, цы ран арвыста æхсæз мæйы, райста орден "За службу на Кавказе". Уый фæстæ адарддæр кодта йæ куыст фидауынгæнæг тыхты сконды.2009 азæй фæстæмæ службæ кодта 4-æм гвардейон æфсæддон базæйы. 2019 азы Алан контрактмæ гæсгæ хайад иста æфсæддон операцийы Сирийы, цы ран æй рахицæн кодтой орден "За боевые заслуги"-йæ.Тедеты Аланæн баззад дыууæ чызджы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
    https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/05/18086609_334:500:2397:2048_1920x0_80_0_0_a1cc7223c0fb2adec76e6005a7109ed8.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   хуссар ирыстоны, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, ног хабӕрттӕ
Амард хъайтарæй. Тедеты Аланы Путины барамындæй схорзæхджын кодтой Хъæбатырдзинады Орденæй
12:21 05.08.2022  (Ранӕуӕггонд: 14:55 05.08.2022) ЦХИНВАЛ, 5 авг – Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Уæрæсейы президент Владимир Путины барамындæй хъайтардзинад æмæ æхсардзинады тыххæй Хуссар Ирыстоны æмбæстаг Тедеты Аланы мæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой Хъæбатырдзинады Орденæй.
Цыппæрæм гвардейон æфсæддон базæйы гвардийы сержант фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы Украинæйы ацы аз майы.
Фæмардуæвæджы бинонтæн хорзæх радта майрæмбоны Уæрæсейы минæвар республикæйы Марат Кулахметов.
"Уæ фырт фæстаг моменты онг æххæст кодта йæ æфсæддон хæслæвæрд. Намысджынæй цыд мæлæты размæ. Æмæ фæмард хъайтарæй. Уый у йæ ныййарджыты сгуыхтдзинад. Мах дзы хъуамæ сæрыстыр уæм, радзурæм йын йæ сгуыхт хабæртты тыххæй. Бахатыр кæнут, кæй йæ нæ бавæрдтам", - загъта минæвар Тедеты Аланы ныййарджытæн.
Марат Кулахметов хорзæх радта хъайтары мадæн.
Тедеты Алан йæ цард æфсадимæ сбаста 1994 азы, уæд уый райдыдта службæ кæнын Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд нысаниуæджы къорды æмæ фæкуыста уым æртæ азы. 2003 азы бацыд фидауынгæнæг тыхты скондмæ, 2007 азы йæ ракодтой Цæцæнмæ, цы ран арвыста æхсæз мæйы, райста орден "За службу на Кавказе". Уый фæстæ адарддæр кодта йæ куыст фидауынгæнæг тыхты сконды.
2009 азæй фæстæмæ службæ кодта 4-æм гвардейон æфсæддон базæйы. 2019 азы Алан контрактмæ гæсгæ хайад иста æфсæддон операцийы Сирийы, цы ран æй рахицæн кодтой орден "За боевые заслуги"-йæ.
Тедеты Аланæн баззад дыууæ чызджы.