Хъæрæсе-Черкескы не руагътой теракт, æрурæд æрцыд "Правый сектор"-ы фарслæууæг

Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 авг - Sputnik. Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы (ФÆС) кусджытæ не руагътой теракт Хъæрæсе-Черкескы, кæцы нывæндыд сæххæст кæнын "Правый сектор"-ы фарслæууæг. Фыдгæнæг нывæндыд спырх кæнын прокуратурæ æмæ æфсæддон комиссариат, уый фæстæ та ацæуын Украинæмæ. Уый тыххæй майрæмбоны хъусын кæны Уæрæсейы ФÆС.

"Горæт Черкесскы сбæлвырд кодтой æмæ æрурæдтой бынæттон цæрæджы, 1992 азы гуырд Уæрæсейы æмбæстаджы, неонацистон идеологи æмæ "правый сектор" организацийы (тобæгонд Уæрæсейы) фарслæууæджы, кæцы фæнд кодта сæххæст кæнын террористон акци республикон барадхъахъхъæнæг органтæ æмæ æфсæддонты ныхмæ", - дзырдæуы хъусинаджы.

Фыдгæнæгмæ ссардтой дыууæ рæмудзæн æрмæджы, кæцыты гуырахст уыд æртæ килограммы алкæцы дæр, компоненттæ сæ саразынæн, эстремистон символикæ, прокуратурæ æмæ æфсæддон комиссариатмæ бацæуæн схемæтæ, афтæ ма бафысттæ "Правый сектор"-ы хайадисджытимæ.
Нæлгоймаг басаст йæ фыдракæндыл. Йæ ныхмæ бакондæуыд уголовон хъуыддаг террористон актмæ цæттæкæнынад æмæ экстремистон организацийы хайад исыны фæдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0