Хуссар Иры фæндагон змæлды фæткхæлдты нымæц фæкъаддæр ис æртæ хатты - МХМ

© Пресс-служба МВД РЮО Комплекс "Ӕдас горӕт"
 Комплекс Ӕдас горӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 авг - Sputnik. Фæндагон змæлды фæткхæлдты нымæц Хуссар Ирыстоны июлы æмбисæй фæстæмæ фæкъаддæр ис æртæ хатты. Уый баст у системæ "Ӕдас горæт"-ы эксплуатациимæ, кæцы республикæйы кусы штатон режимы ныр иу мæй, хъусын кæны МХМ пресс-службæ.
Уагдоны банысан кодтой, 27 июнæй 1 августы онг бæрæг кæй æрцыдысты цыппар минæй фылдæр фæткхæлды. Фæстаг дыууæ къуыри фæткхæлдты нымæц фæкъаддæр ис æртæ хатты.
"Фæстаг къуыритæ равдыстой, фото æмæ видеофиксацийы камерæтæ кæм æвæрд сты, уыцы бынæтты фæткхæлдтæ кæй фæкъаддæр сты. Шофыртæ сты арæхстджындæр æмæ дисциплинæйон", - радзырдта Паддзахадон автоинспекцийы минæвар Бабаты Михаил.
Ивгъуыд къуыримæ абаргæйæ фæткхæлдтæ зынгæ фæкъаддæр сты микрорайон Шанхайы, 8-æм июны уынгыл, Фарны хъæуы фæндагыл.
Ӕдас горӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2022
"Ӕдас горӕты" хъӕндзинӕдтӕ: цӕмӕй хъаст кӕнынц Хуссар Иры шофыртӕ
"Кæд Фарны хъæуы фæндакыл видеокамерæтæ фиксаци кодтой бон 150 фæткхæлды онг, уæд ныр та сæ нымæц æрхауд 50-мæ", - бахахх кодта Бабаты Михаил.
Республикæйы ныридæгæн кусынц фото æмæ видеофиксацийы 30 аппаратон-програмон комплексы, азы кæрæттæм фæнд кæнынц сæвæрын ноджы 80 фылдæр камерæйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0