Хуссар Иры УУМ фӕдзӕхсы зынгсирвӕзттӕй тӕвд боныгъӕдты аххосӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЗынгсирвӕзт Хуссар Ирыстоны
Зынгсирвӕзт Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕлвӕткон уавӕрты министрады бафӕдзӕхстой зынгсирвӕзттӕй тӕссагдзинадӕй тӕвд боныгъӕдты аххосӕй.
Фӕстаг боны республикӕйы ис тынг тӕвд боныгъӕд - уӕлдӕфы хъӕрмад схизы 32 градусы онг Цельсимӕ гӕсгӕ.
"Хъусинаг! Тынг тӕвд бонты аххосӕй Хусар Ирыстоны тӕссаг у зынгсирвӕзттӕй", - дзырдӕуы УУМ сайтыл ныммыхуыргонд информацийы.
Министрады ранымадтой уагӕвӕртӕ, цӕмӕй адӕймаг йӕхи бахъахъхъӕна ӕнтӕф бонты: рог дарӕс дарын натуралон хъуымӕцтӕй, афтӕ ма хурӕй хи бахизын 11.00-ӕй 16.00 сахаты онг. Афтӕ ма нӕй гӕнӕн тӕссаг рӕстӕджы сывӕллӕтты уынгмӕ уадзын дӕр, уымӕн ӕмӕ тӕссаг у хуры хӕф райсынӕй.
УУМ ма бафтыдтой, зынгсирвӕзттӕй тӕссаг рӕстӕджы кӕй хъӕуы фӕкъаддӕр кӕнын балцытӕ ӕрдзы хъӕбысмӕ.Ацӕугӕйӕ та арт ма кӕнын, бырон, хус кӕндӕг ма ссудзын, судзгӕ пӕрттойтӕ ӕмӕ тамакотӕ зӕхмӕ ӕппарын.
Ног хабӕртты лентӕ
0