Цхинвалы администрацийы æрдзырдтой скъолайы агъоммæ уагдæтты проблемæтыл

© Пресс-служба мэрии г. ЦхинвалЦхинвалы администрацийы æрдзырдтой скъолайы агъоммæ уагдæтты прооблемæтыл
Цхинвалы администрацийы æрдзырдтой скъолайы агъоммæ уагдæтты прооблемæтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 авг — Sputnik. Цхинвалы мэр Къацты Гено дзырд радта аскъуыддзаг кæнын проблемæтæ, кæцытæ фехъусын кодтой столицæйы скъолайы агъоммæ уагдæтты разамонджытæ.
Столицæйы администрацийы пресс-службæ куыд хъусын кæны майрæмбоны, афтæмæй сабидæтты хистæртимæ фембæлды рæстæджы Къацты Гено байхъуыста проблемæтæм, кæцытæ фæзынынц скъолайы агъоммæ уагдæтты куысты.
"Цхинвалы скъолайы агъоммæ ахуырадон уагдæтты хистæртимæ фембæлды рæстæджы æрдзырдтой сабидæтты куыст æмæ актуалон проблемæтыл, кæцытæ хауынц сабидæтты территориты техникон ифтонгад æмæ хæрзарæзтадмæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Пресс-службæйы бафтыдтой, зæгъгæ, Къацты Гено дзырд радта скъуыддзаг кæнын проблемæтæ, кæцыты тыххæй радзырдтой сабидæтты разамонджытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0