Цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы Хуссар Иры шофыртӕм системӕ "Ӕдас горӕт"-ы ӕртыккаг этапы скуысты фӕстӕ

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæКамерӕтӕ
Камерӕтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 авг - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Системӕ "Ӕдас горӕт"-ы камерӕтӕ нырма фиксаци кӕнынц ӕрмӕстдӕр тагъдады фӕфылдӕры фӕдыл фӕткхӕлдтӕ, фехъусын кодта Паддзахадон автоинспекцийы фӕндагон змӕлды къабазы административон фӕткхӕлдты автоматизацион фиксацийы хайады хистӕр Бабаты Михаил пресс-конференцийы Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, аннӕ фыдракӕндтӕ фиксаци кӕнын райдайдзысты пректы ӕртыккаг этапы скуысты фӕстӕ - 2022 азы кӕрӕттӕм.
"Мах райдайдзыстӕм фиксаци кӕнын иугуыр хаххыл ахызт, фӕндаггӕрон скъӕрд, сырхыл ахызт, стоп-хаххӕй ахызт. Кӕд ӕмӕ фӕткхӕлд ӕрцыд фистӕгӕй цӕуӕджы аххосӕй, науӕд нӕ зынд фӕндагон хахх, уӕд уыдӕттӕ цӕудзысты хынцыд", - загъта уый.
© SputnikБабаты Михаил
Михаил Бабаев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.08.2022
Бабаты Михаил
Бабаты Михаил ма бафтыдта, зӕгъгӕ, горӕты уынгтыл аразгӕ гӕрӕнтӕ айсыныл нырма дзырд нӕ цӕуы - нырма уал хъӕуы сфидар кӕныны скъӕрыны культурӕ, цӕмӕй шофыртӕ ма халой фӕндагонм змӕлды фӕтк. Уый бафтыдта, камерӕтӕ иууылдӕр ӕвӕрд кӕй сты ахӕм цӕрӕн пунктты, цы ран бар ис ӕрмӕстдӕр ахӕм тагъдадӕн - 60 километры сахатмӕ.
Горӕты видеофиксаци кӕй цӕуы, уый тыххӕй хъусын кӕнынц нысӕнттӕ столицӕмӕ ӕрбахизӕнты.
Ӕдас горӕт-ы куысты фыццаг хатдзӕгтӕ - фӕкъаддӕр сты ӕви нӕ фӕткхӕлдтӕ? - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.08.2022
"Ӕдас горӕт"-ы куысты фыццаг хатдзӕгтӕ - фӕкъаддӕр сты ӕви нӕ фӕткхӕлдтӕ?
Ног хабӕртты лентӕ
0