Уæрæсейаг æфсæдтæ иттæг дырыс хæцæнгарзæй скуынæг кодтой 150 онг æфсæддоны

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы уæлдæфон-космикон тыхтæ
Уæрæсейы уæлдæфон-космикон тыхтæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 авг — Sputnik. Уæрæсейы уæлдæфон-космикон тыхтæ иттæг дырыс цæфты фæстиуæгæн Запорожаг областы цæрæн пункт Новоивановкайы районы скуынæг кодтой 150 онг украинæйаг æфсæддоны. Уый тыххæй хъусын кæны УФ Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.

"Скуынæг кодтой 150 онг æфсæддоны, дыууæ америкæйаг гаубицайы М777, 1,5 мин хæстæрмæджы уыцы хæцæнгарзмæ, æхсæз гаубицайы "Мста-Б", аст артиллерион хæцæнгарзы, залпон æхсты реактивон системæ "Град"-ы 350 сармадзаны, афтæ ма авд æнæпилотон тæхæг аппараты", - фехъусын кодтой Хъахъхъæнынады министрады.

Уымæй дарддæр уæрæсейаг уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу суткæмæ æрæппæрстой фондз æнæпилотон тæхæг аппараты, афтæ ма залпон æхсты реактивон системæйы æртæ сармадзаны æмæ æртæ баллистикон ракетæ "Точка-У".
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 261 хӕдтӕхӕджы, 145 вертолеты, 1685 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 361 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 4254 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 789 хӕстон машинӕйы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3267 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 4716 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0