https://sputnik-ossetia.com/20220806/stayy-tsarmdardzhy-iron-tlmatsy-tykhkhy-17995355.html
Стайы цармдарæджы ирон тæлмацы тыххæй
Стайы цармдарæджы ирон тæлмацы тыххæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Сæрмагонд æмæ лæмбынæг æрдзуринаг у Бестауты Гиуæргийы "Стайыдзармдарæг"-ы тæлмац. фыццаджыдæр банысан кæнын хъæуы уый æмæ цалынмæ Бестауты Гиуæрги æрæвнæлдта... 06.08.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-08-06T11:20+0300
2022-08-06T11:20+0300
2022-08-06T11:20+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
зонад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/01/17995202_29:0:1473:812_1920x0_80_0_0_0e1487825e301f7528cfa54b62fc84c4.png
Стайыцармдарæджы ирон тæлмацы тыххæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Стайыцармдарæджы ирон тæлмацы тыххæй
Сæрмагонд æмæ лæмбынæг æрдзуринаг у Бестауты Гиуæргийы "Стайыдзармдарæг"-ы тæлмац. фыццаджыдæр банысан кæнын хъæуы уый æмæ цалынмæ Бестауты Гиуæрги æрæвнæлдта ацы уацмыс тæлмац кæнынмæ, уæдмæ стыр куыст кæй бакодта уацмысы лексикон фонд æмæ ᾿взаджы структурæ сахуыр кæныныл. Цæмæй оригиналмæ æввахсдæр лæууыдаид йæ тæлмац, уый тыххæй спайда кодта бирæ аивадон амæлттæй.Оригиналмæ зынрахатæн нæу, метафорæтæ дзы бирæ кæй æмбæлы. Арæх дзы пайда кæны дзырдтæ: дидинæг, хур æмæ æндæр ахæмтæй. Руставели ацы дзырдтæй пайда кæны йæ уарзондæр персонажтыл дзургæйæ, арæхдæр æмбæлынц дзырдбыдты.Тинатины цæссыг Бестауты Гиуæрги абарста уалдзыгон уарынимæ æмæ йæ эмоционалодзинад фæтынгдæр. Хур æмæ мæйы миниуджытæй пайда кæны æрмæстдæр йæ уарзондæр æмæ удыхъæдæй бæрзонддæр чи лæууы уыцы хъайтартыл дзургæйæ. Афтæ лæмбынæг æмæ арæхстгай пайда кæны абарстытæй тæлмацгæнæг дæр.Стыр цымыдисаг ма сты тæлмацы æрдзы фæзындтæ. Тæлмацгæнæгæн бантыст сыгъдæгæй рафæлгъауын Руставелийы персонажты зæрдæйы сусæгдзинæдтæ, æппæт се ᾿нкъарæнтæ æмæ æрдзæн куыд ис стыр бастдзинад: "Уарди басийы зымæгон уазал уад тымыгъы хъызты…"Бæстондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.Битарты Зоя "Актуальные вопросы осетинской филологии"-мæ гæсгæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/01/17995202_209:0:1292:812_1920x0_80_0_0_cf5d744d420d030b08b62552a042ae7b.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , зонад, аудио
Сæрмагонд æмæ лæмбынæг æрдзуринаг у Бестауты Гиуæргийы "Стайыдзармдарæг"-ы тæлмац. фыццаджыдæр банысан кæнын хъæуы уый æмæ цалынмæ Бестауты Гиуæрги æрæвнæлдта ацы уацмыс тæлмац кæнынмæ, уæдмæ стыр куыст кæй бакодта уацмысы лексикон фонд æмæ ᾿взаджы структурæ сахуыр кæныныл. Цæмæй оригиналмæ æввахсдæр лæууыдаид йæ тæлмац, уый тыххæй спайда кодта бирæ аивадон амæлттæй.
Оригиналмæ зынрахатæн нæу, метафорæтæ дзы бирæ кæй æмбæлы. Арæх дзы пайда кæны дзырдтæ: дидинæг, хур æмæ æндæр ахæмтæй. Руставели ацы дзырдтæй пайда кæны йæ уарзондæр персонажтыл дзургæйæ, арæхдæр æмбæлынц дзырдбыдты.
Тинатины цæссыг Бестауты Гиуæрги абарста уалдзыгон уарынимæ æмæ йæ эмоционалодзинад фæтынгдæр. Хур æмæ мæйы миниуджытæй пайда кæны æрмæстдæр йæ уарзондæр æмæ удыхъæдæй бæрзонддæр чи лæууы уыцы хъайтартыл дзургæйæ. Афтæ лæмбынæг æмæ арæхстгай пайда кæны абарстытæй тæлмацгæнæг дæр.
Стыр цымыдисаг ма сты тæлмацы æрдзы фæзындтæ. Тæлмацгæнæгæн бантыст сыгъдæгæй рафæлгъауын Руставелийы персонажты зæрдæйы сусæгдзинæдтæ, æппæт се ᾿нкъарæнтæ æмæ æрдзæн куыд ис стыр бастдзинад: "Уарди басийы зымæгон уазал уад тымыгъы хъызты…"
Бæстондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Битарты Зоя "Актуальные вопросы осетинской филологии"-мæ гæсгæ.