Гуырдзыстоны сабырадмӕ ӕрконд 2008 азы уыд сигнал НАТО ӕмӕ Америкӕйӕн - Медведев

© Sputnik / Ревмира АлбороваЦхинвал. 08.08.08.
Цхинвал. 08.08.08. - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik. Америкӕйы Иугонд Штаттӕ нӕ фехъуыстой Уӕрӕсейы тас 2008 азы, куы сарӕзтӕуыд къахдзӕфтӕ Гуырдзыстоны сабырадмӕ ӕркӕныны фӕдыл, адарддӕр кодтой тӕссаг курс ӕмӕ ныр дуне ӕнӕнхъӕнӕй фӕивта, фехъусын кодта УФ Ӕдасдзинады советы сӕрдары хӕдивӕг Дмитрий Медведев.
"Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны фӕдыл архӕйдтытӕ 2008 азы уыдысты ӕмбӕстӕгты бахъахъхъӕныны нысанӕн. Уыимӕ иумӕ уый уыд сигнал НАТО ӕмӕ АИШ-ӕн, кӕй хъӕуы хъус ӕрдарын Уӕрӕсейы тӕссагдзинадмӕ", - ныффыста Медведев йӕ Telegram-каналы.
Медведевы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Штаттӕ ницӕмӕ ӕрдардтой тӕссагдзинӕдтӕ ӕмӕ адарддӕр кодтой тӕссаг курс уадзын.
"Уавӕр Кавзазы фӕивта. Фӕлӕ АИШ ӕмӕ НАТО нӕ фехъуыстой ӕмӕ нӕ бамбӕрстой. Ницӕмӕ йӕ ӕрдардтой. Адарддӕр кодтой сӕ тынг тӕссаг курс. 2022 азы мах бадхъуыд бирӕ карздӕр дзуапп радтын. Ныр фӕивта ӕнӕхъӕн дуне", - бафтыдта Медведев.
Август, 2008 аз. Хӕсты фондз бон Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2022
Август, 2008 аз. Хӕсты фондз бон Хуссар Ирыстоны
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс.
Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын.
Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц — фӕмард 380 адӕймагӕй фылдӕр.
Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. Уый кӕронмӕ бахӕццӕ 12 августы.
Гуырдзыстон абоны онг дӕр нӕ банымадта райхалгӕ хӕст ӕмӕ ирон радон геноциды фӕдыл йӕ бӕрн.
Хуссар Иры уæрæсейаг базæйы мысынц фыдиуынгæнджыты, кæцытæ фæмард сты 2008 азы августы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2022
Хуссар Иры уæрæсейаг базæйы мысынц фыдиуынгæнджыты, кæцытæ фæмард сты 2008 азы августы
Ног хабӕртты лентӕ
0