Хуссар Иры дидинтæ сæвæрдтой республикæйы зынгхуыст хъайтарты цыртдзæвæнтæм

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры дидинтæ сæвæрдтой республикæйы зынгхуыст хъайтарты цыртдзæвæнтæм
Хуссар Иры дидинтæ сæвæрдтой республикæйы зынгхуыст хъайтарты цыртдзæвæнтæм - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 авг – Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Хуссар Ирыстоны къуырисæры мысынц сабыр цæрджыты, фидауынгæнджыты æмæ бархионты, уæрæсейаг æфсады солдатты, кæцытæ фæмард сты 2008 азы гуырдзиаг агрессийы рæстæджы.
Мысæн мадзæлттæ райдыдтой Уæрæсейы фидауынгæнæг тыхты раздæры бæстыхаймæ веноктæ æмæ дидинтæ сæвæрынæй. Бæстыхай, кæцыйы уыдон уыдысты, æнæхъæнæй басыгътой гуырдзиаг æфсæдтæ.
Дидинтæ сæвæрыны церемонийы хайад райстой Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, Уæрæсейы минæвар республикæйы Марат Кулахметов, министрæдтæ æмæ уагдæтты разамонджытæ æмæ кусджытæ, республикæйы цæрджытæ.
© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры дидинтæ сæвæрдтой республикæйы зынгхуыст хъайтарты цыртдзæвæнтæм
Возложение цветов к памятникам погибшим защитникам Южной Осетии  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2022
Хуссар Иры дидинтæ сæвæрдтой республикæйы зынгхуыст хъайтарты цыртдзæвæнтæм
Ацы ран ма дидинтæ сæвæрдтой Галуанты Олегы цыртмæ – 32-аздзыд лейтенант фæмард хæстон постыл. Уæрæсейаг фидауынгæнæг батальоны бæстыхайы уæлхæдзарæй Галуанты Олег корректировкæ кодта артиллеристты. Æхстыты фæстиуæгæн уый райста уæззау цæфтæ, дохтыртæн нæ бантыст йæ фервæзын кæнын. Галуанты Олегæн мæлæты фæстæ радтой "Уæрæсейы Хъайтары" ном.
Уыцы ранæй картеж ацыд Денис Ветчиновы цыртмæ, кæцы фæмард 2008 азы 9 августы. Штурмон къорды майор йæ цард радта, цæмæй фервæзын кæна уæрæсейаг журналистты æмæ æмкусонты.
© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры дидинтæ сæвæрдтой республикæйы зынгхуыст хъайтарты цыртдзæвæнтæм
Возложение цветов к памятникам погибшим защитникам Южной Осетии  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2022
Хуссар Иры дидинтæ сæвæрдтой республикæйы зынгхуыст хъайтарты цыртдзæвæнтæм
Тъбеты хъæуы республикæйы къухдариуæгад æмæ æхсæнады минæвæрттæ ссардтой Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды (МСНК) кусджыты рухс нæмттæ. Ацы бынаты 2008 азы 8 августы хуссарирыстойнаг хæстонтæ бацыдысты æнæмсæр тохы. Уыдон лæууыдысты гуырдзиаг æфсады ныхмæ, кæцытæ хъавыдысты бабырсын Цхинвалмæ. Уыдонæй æхсæз – Къæбысты Алан, Дзахоты Валерий, Мæлдзыгаты Сослан, Плиты Тамаз, Санахъоты Алан æмæ Быценты Гайоз фæмард сты.
Иууыл фылдӕр адӕм ӕрбамбырд ис "Сыгъд удты музейы" цурмӕ, кӕцы ӕвӕрд ис Цхинвалы районы Тъбеты хъӕумӕ – раст Зары фӕндагмӕ фӕзилӕны.Уый конд у 12 хӕдтулгӕйӕ, кӕцыты сӕ бӕлццӕттимӕ иумӕ басыгътой гуырдзиаг ӕфсад. Уыдон лыгъдысты хӕстон Цхинвалӕй – сылгоймӕгтӕ, зӕрӕттӕ, сабитӕ. Культурон объекты тӕккӕ астӕу ӕвӕрд ис дзуар ӕмӕ "Хъынцъымы бӕлас". Дыууӕ азы размӕ ам сӕвӕрдтой ноджы иу цырт судзгӕ зӕрдӕйы хуызы.
© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры дидинтæ сæвæрдтой республикæйы зынгхуыст хъайтарты цыртдзæвæнтæм
Возложение цветов к памятникам погибшим защитникам Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2022
Хуссар Иры дидинтæ сæвæрдтой республикæйы зынгхуыст хъайтарты цыртдзæвæнтæм
Уый фӕстӕ делегаци раздӕхт фӕстӕмӕ Цхинвалмӕ, цӕмӕй ма бацӕуа ноджы иу бынатмӕ – Хуссар иры Хъахъхъӕнынады министрады службӕгӕнджытӕ Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕты цыртмӕ. Уыдон фӕмард сты знаджы ныхмӕ колоннӕимӕ тохы, кӕцы фӕлвӕрдта бабырсын горӕтмӕ. Дыууӕ хъайтар дӕр сӕ амӕлӕты фӕстӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты Хуссар Иры уӕлдӕр ӕфсӕддон хорзӕх – орден "Уацамонгӕ"-йӕ.
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц — фӕмард 380 адӕймагӕй фылдӕр. Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. Уый кӕронмӕ бахӕццӕ 12 августы. Гуырдзыстон абоны онг дӕр нӕ банымадта райхалгӕ хӕст ӕмӕ ирон радон геноциды фӕдыл йӕ бӕрн.
© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры дидинтæ сæвæрдтой республикæйы зынгхуыст хъайтарты цыртдзæвæнтæм
Возложение цветов к памятникам погибшим защитникам Южной Осетии  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2022
Хуссар Иры дидинтæ сæвæрдтой республикæйы зынгхуыст хъайтарты цыртдзæвæнтæм
Ног хабӕртты лентӕ
0