Уæрæсейаг æфсæдтæ иу суткæмæ æрæппæрстой HIMARS-ы 19 ракетæйы æртæ регионы

© Sputnik / Сергей Степанов /  Ахизын медиабанкмæАмерикæйаг залпон æхсты реактивон системæ "Хаймарс"
Америкæйаг залпон æхсты реактивон системæ Хаймарс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 авг – Sputnik. Уæрæсейаг уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу суткæмæ æрæппæрстой америкæйаг залпон æхсты реактивон системæ "Хаймарс"-ы 19 ракетæйы. Уыдон æрæппæрстой Харьковы областы цæрæн пункт Сухая Каменкайы, Запорожаг областы горæт Мелитополы æмæ Антоновкайы районы Херсоны областы.
Афтæ ма, уæрæсейаг æфсæддонтæ æрæппæрстой æртæ украинæйаг баллистикон ракетæ "Точка-У" Харьковы областы Прудянка цæрæн пункты æмæ Херсоны областы Новая Каховкайы районы.
"Уæрæсейаг уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу суткæмæ æрæппæрстой авд украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты Донецкы Адæмон Республикæйы Кирилловка, Мандрыкино, Крапивницкое районты, Харьковы областы Барвенково, Долгенькое, Савинцыйы районы æмæ Херсоны областы Барвинокы районы", - бафтыдтой УФ Хъахъхъæнынады министрады.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 263 хӕдтӕхӕджы, 145 вертолеты, 1708 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 363 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 4269 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 791 хӕстон машинӕйы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3276 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 4774 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0