Хуссар Ир хъӕуты сӕвӕрдзысты асыктӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты тыххӕй информаци ӕмбырд кӕнынӕн

© Sputnik / Мария КотаеваЦхинвал, ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы бон
Цхинвал, ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕгӕй, 10 августӕй, райдайдзысты реализаци кӕнын бинонты инициативӕ, кӕцыты хиуӕттӕ фӕсӕфтысты ӕбӕрӕгӕй 1990-ӕм ӕмӕ 2008 азы конфликтты фӕстиуӕгӕн. Уыцы нысанӕн республикӕйы цалдӕр хъӕуы сӕвӕрдзысты асыктӕ анонимон информаци тымбыл кӕныны тыххӕй адӕмӕй, кӕцытӕ гӕнӕн ис ӕмӕ зоной исты бӕрӕггӕнӕнтӕ фесфджыты хъысмӕт ӕмӕ бынаты фӕдыл. Уымӕй дарддӕр ма скусдзӕн ӕууӕнчы телефон дӕр.
Цхинвалы цӕуы ӕхсӕнадӕмон конференци ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы бинонтӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.09.2021
Цхинвалы цӕуы ӕхсӕнадӕмон конференци ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы бинонтӕн
Проекты реализацийы хайад исынц президенты цур адӕймаджы барты фӕдыл ӕххӕстбарджын, ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты бинонтӕ, мадзал аразгӕ та кӕны Сырх Дзуары ӕхсӕнадӕмон комитет, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны организацийы миссийы пресс-службӕ.
"Адӕм цы хъӕутӕм ӕввахс фесӕфтысты 1990-ӕм ӕмӕ 2008 азы конфликтты фӕстиуӕгӕн, уыдон цӕрджытӕ чизоны цыдӕр федтой, исты ахӕӕ информаци зонынц, кӕцы феххуыс уаид сӕ агуырды хъуыддаджы. Уый у ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты бинонты инициативӕ, сӕ рис бирӕрӕстӕгон ӕнхъӕлмӕкӕсынадӕй ӕмӕ ныфс исты бӕрӕг базонынӕй", - хъусын кӕны пресс-службӕ миссийы минӕвар Никита Логачевы ныхӕстӕ.
Асыктӕ фӕнд кӕнынц сӕвӕрын 30 августы онг - уӕд нысан цӕуы ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты ӕхсӕнадӕмон бон. Сӕ фарсмӕ уыдзысты ӕвӕрд баннертӕ цыбыр информациимӕ, кӕцы тӕлмац уыдзӕн цалдӕр ӕвзагмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0