Хуссар Иры хæсты амæттæгты рухс нæмттæ ссардтой дунейы бирæ бæстæты

© Photo : Пресс-служба МИД РЮОХуссар Иры хæсты амæттæгты рухс нæмттæ ссардтой дунейы бирæ бæстæты
Хуссар Иры хæсты амæттæгты рухс нæмттæ ссардтой дунейы бирæ бæстæты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Италийы ацыдысты мысæн акцитæ, кæцытæ нывонд уыдысты Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийы 14-æм афæдзыбонæн. Фæмардуæвджыты рухс нæмттæ ссардтой Пезаро, Милан æмæ Сицилийы, афтæ ма горæт Кальярийы Сардинийы, хъусын кæны хуссарирыстойнаг æддагполитикон уагдоны пресс-службæ.
Хуссар Ирыстоны ацы бонты мысынц 2008 азы августы трагикон цаутæ. Мысæн мадзæлттæ ацыдысты республикæйы минæварадты Мæскуы, Сухум, Тирасполы, ФХМ фæсарæйнаг минæварадты Европæйы къорд бæстæйы, уыцы бонты трагикон цаутæ æрæмысыдысты хæларадон паддзахæдты дæр.
Мир должен знать правду: журналист Лана Парастаева рассказала об августе 2008-го
 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.08.2022
"Дуне хъуамӕ зона рӕстдзинад": журналист Пӕррӕстаты Лана 2008 азы августы тыххӕй
Миланы 2008 азы августы хæсты фæмардуæвджыты мысæнæн ацыд акци, кæцы сорганизаци кодтой клуб "Хуссар Ирыстоны хæлæрттæ"-йы активисттæ, кæцыйы ма хайад райста италиаг парламенты депутат Вито Коменчини.
"Пезаройы Хуссар Ирыстоны ФХМ минæварады эгидæйы бын ацыд мысæн акци. Традицимæ гæсгæ, "Дунейы Бæласы" цур Хуссар Ирыстоны хæлæтты къорд ссардта Гуырдзыстоны агрессийы амæттæгты рухс нæмттæ иу уысм æдзæмæй алæугæйæ. Коленуччо фæзуатыл веноктæ сæвæрдтой партизантæ-антифашистты цыртмæ, афтæ ма дзы ацыд Хуыцаумæ скуывд", - дзырдæуы хъусинаджы.
ФХМ бафтыдтой, зæгъгæ, уагдоны минæварадты æххуысæй Бенилюксы бæстæты Бельги, Голланди, Люксембург, Франци æмæ Германийы ирон организациты минæвæрттæ ссардтой 2008 азы хæсты амæттæгты рухс нæмттæ.
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц — фӕмард 380 адӕймагӕй фылдӕр. Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. Уый кӕронмӕ бахӕццӕ 12 августы. Гуырдзыстон абоны онг дӕр нӕ банымадта райхалгӕ хӕст ӕмӕ ирон радон геноциды фӕдыл йӕ бӕрн.
Ног хабӕртты лентӕ
0