Уæрæсейаг æфсæдтæ иу суткæмæ æрæппæрстой украинæйаг МиГ-29 æмæ HIMARS-ы 17 ракетæйы

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсæдтæ
Уæрæсейаг æфсæдтæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Уæрæсейы уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу суткæмæ æрæппæрстой Украинæйы Уæлдæфон тыхты МиГ-29. Хæдтæхæг æрæппæрстой Донецкы Адæмон Республикæйы Торецкое цæрæн пункты районы. Уый тыххæй хъусын кæны УФ Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
Афтæ ма, æрæппæрстой залпон æхсты реактивон системæ HIMARS-ы 17 ракетæйы Херсоны областы Херсон æмæ Новая Каховка горæтты районы æмæ Запорожаг областы Мелитополы районы.
Уымæй дарддæр ма æрæппæрстой æртæ украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты Петровское цæрæн пункты районы, Рутченково æфсæнвæндаджы станцы районы æмæ Харьковы областы Моспановайы.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 264 хӕдтӕхӕджы, 145 вертолеты, 1711 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 363 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 4278 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 794 хӕстон машинӕйы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3284 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 4785 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0