Дыгъуызты Зæринæ комментари скодта УФ æмбæстæгтæн Европæйы туризмыл тобæ сæвæрыны æрсидтæн

© Sputnik / Дмитрий Астахов /  Ахизын медиабанкмæДыгъуызты Зæринæ
Дыгъуызты Зæринæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 авг – Sputnik. Ростуризмы сæргълæууæг Дыгъуызты Зæринæ комментари скодта Эстонийы премьер-министры æрсидтæн уæрæсейаг туристты æрбацыдæн Европæйы бæстæтæм тобæ сæвæрыны фæдыл.
"Ныфс мæ ис, алкæцы рæстмæхъуыдыгæнæг адæймаг дæр у ахæм арæнæвæрдты ныхмæ. Уырны мæ, нæ европейаг коллегæты фылдæр хай кæй нæ райсдзæн нæ туристты æрбацыдыл тобæ сæвæрыны фæдыл скъуыддзæгтæ", - ныффыста Дыгъуызты Зæринæ йæ Telegram-каналы.
Уый размæ Эстонийы премьер-министр Каи Каллас фехъусын кодта, "Европæмæ бацæуын адæймаджы бар нæу, фæлæ привилеги" æмæ "æрцыд рæстæг, цæмæй æруромæм туризм Уæрæсейæ".
"Фæнды мæ бараст кæнын Калласы – сæрибарæй цæуыны бар у адæймаджы сæйраг бартæй сæ иу, уый привилеги нæу! Ноджы ма мæ фæнды зæрдыл æрбалæууын кæнын, уæрæсейаг туристтæ кæй хардз кодтой миллиард доллартæ европейаг бæстæты улæфты рæстæджы, уый фæдыл фæзынд фарст, чи фылдæр фесафдзæн ахæм скъуыддзагæй", - банысан кодта Дыгъуызты Зæринæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0