Хуссар Иры агурынц фесӕфӕг карджын сылгоймаджы

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны агурынц Цхинвалы 56-аздзыд цӕрӕджы, кӕцы 8 августы райсомӕй рацыд хӕдзарӕй ӕмӕ нал ӕрбаздӕхт, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ.
Бекъойты Луняйы хӕстӕджытӕ ӕххуысагур бахатыдысты мидхъуыддӕгты министрады горӕтон хайадмӕ дыккаг бон. Ныртӕккӕ милицийы кусджытӕ уадзынц мадзӕлттӕ сылгоймаджы ссарыны фӕдыл. Ахуыр кӕнынц цӕстдарӕн камерӕты бӕрӕггӕнӕнтӕ. Уымӕй дарддӕр ма фесӕфӕг сылгоймаджы тыххӕй ориентировкӕтӕ арвыстӕуыд мидхъуыддӕгты министрады горӕттаг ӕмӕ районон хайӕдтӕм.
© Пресс-служба МВД РЮОБекъойты Луня
Луня Бекоева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.08.2022
Бекъойты Луня
МХМ хады цӕрджытӕм, цӕмӕй Бекъойты Луняйы тыххӕй исты ног информаци базонгӕйӕ ӕрбадзурой радгӕсон хайадмӕ ахӕм номыртыл: 45-65-15, 45-21-02, 8929 808 02 01.
Ног хабӕртты лентӕ
0