Хуссар Иры Дзауы районы цалцӕг кӕнынц скъолатӕ Зонындзинӕдты бонмӕ

© Photo : Пресс-служба Дзауского района РЮОХуссар Иры Дзауы районы цалцӕг кӕнын скъолатӕ Зонындзинӕдты бонмӕ
Хуссар Иры Дзауы районы цалцӕг кӕнын скъолатӕ Зонындзинӕдты бонмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ахуырадон уагдӕтты ӕрӕвнӕлдтой ног ахуыры азмӕ цӕттӕгӕнӕн куыстытӕм. Районы администрацийы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй поселочы къорд скъолайы аразынц косметикон цалцӕг.
"Районы коммуналон службӕтӕ ӕмбӕлон уагмӕ кӕнынц скъолайон хатӕнтӕ. Поселочы скъолайы кусджытӕ ахорынц кълӕсты къултӕ, Синагуры раног кӕндзысты фасад, Хуыцъейы скъолайы та цалцӕгӕй дарддӕр хъӕуы раног кӕнын донуадзӕн системӕ дӕр. Ацы аз ма хӕрзарӕзтадон куыстытӕ бакӕндзысты Гуфтайы скъолайы кӕрты дӕр", - радзырдта пресс-секретарь.
Уый ма бафтыдта, фидӕнмӕ кӕй хъӕудзӕн Дзауы скъолайы хӕлцадон блок ранӕуӕг кӕнын, фӕлӕ уыцы нысанӕн бахъӕудзӕн хицӕн финанскӕнынад.
Ног хабӕртты лентӕ
0