Хуссар Иры хицауад сног кодта инвестпроекттæ æвзарыны къамисы сконд

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны хицауад сфидар кодта æртыццæджы рабадтыл инвестицион проекттæ æвзарыны къамисы сконд. Проекттæн паддзахадон æххуыс æххæст цæуы РХИ социалон-экономикон райрæзтæн æххуысы инвестицион программæты фæлгæтты.
"Инвестицион къамис кусы 2015 азæй фæстæмæ. Кадрон ивындзинæдты тыххæй кæддæрты бахъæуы сног кæнын сконд", - банысан кодта вице-премьер – экономикон райрæзты министр Тадтаты Дзамболат.
Къамисы ног скондмæ бацыдысты хицауады уæнгтæ æмæ профилон министрæдты кусджытæ.
Хуссар Иры хицауады рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.08.2022
Ног кадрон ивындзинæдтæ æмæ къласон чинтæ. Цæуыл æрдзырдтой Хуссар Иры хицауады рабадтыл

ЦКХ æнцонвадат лæггæдтæ

Афтæ ма хицауад æмхъæлæсæй хорзыл банымадта ивындзинæдтæ цæрджытæн паддзахадон æххуысы хицæн мадзæлтты фæдыл уынаффæмæмæ, цæмæй цæрæнуатон-коммуналон лæггæдтæ уой æнцонвадат.
"Экономикон бындурджын æмвæзадæй къаддæр тарифтæ снысан кæныны фадат ис цæрæнуатон-коммуналон лæггæдтыл ахæм къабæзты: электроифтонгад, газифтонгад, хъармифтонгад, донифтонгад, бирæфатерон хæдзæртты иумæйаг мулкы цалцæг", - загъта Тадтаты Дзамболат.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, цæмæй цæрджытæн æххуысы уæлæмхасæн мадзæлттæ дæттыны фадат уа, уый тыххæй хъæуы бахæссын ивындзинæдтæ хицауады 2020 азы уынаффæмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0